Пятигорскы кæронмæ æрхæццæ разамонджыты конкурсы æрдæгфинал

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Пятигорскы кæронмæ æрхæццæ конкурс «Лидеры России»-йы æрдæгфинал. Æркастæн йæ сæйраг хæс у - хуыздæр æмæ курдиатджындæр разамонджыты рабæрæг кæнын. Йæ архайджытæ сæ тыхтæ фæлвæрдтой алыхуызон хæслæвæрдты. Цæгат Кавказы федералон зылдæй финалмæ рацыдысты 30 адæймаджы. Дыууæ дзы сты цæгатирыстойнæгтæ- Хæмыцаты Артур æмæ Ингæ Тваури. Æрдæгфиналы æдæппæтæй бацархайдтой 260 адæймаджы. Нæ республикæйы минæвæрттæ дзы уыдысты 18. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы. Егъау флешмоб у командæйы иумæйаг куыст. Конкурсы архайджытæ æвдисынц командæйы куыд зонынц кусын, стæй ма сын фадат ис кæрæдзийы хуыздæр базонын дæр. Бирæтæ дзы конкурсмæ сæхи проекттимæ æрбацыдысты æмæ сæ фæнд кæнынц баххæст кæнын. Фæлæ, ныридæгæн проект саразын йæхи фыццаг хатт чи фæлвары, уыдон дæр бирæ сты. Уæрæсейы раззагдæры ном хæссыныл Цæгат Кавказы тох кодтой 8 мин адæймагæй фылдæр. Æрдæгфиналмæ дзы рацыдысты 263. Уыдонæй 18 сты Цæгат Ирыстонæй. Конурсы архайджыты 'хсæн ис алы къабæзты кусджытæ. Политиктæ, экономисттæ, амалхъом адæм. Йæ тыхтæ бафæлварын кæй бафæндыд, уыдон. Нæ куысты хатдзæгтæй разы стæм. Бирæ фарстатыл æрныхас кодтам. Се 'хсæн Цæгат Кавказы кластерон политикæ дæр. Ныфс нæ ис, нæ хъуыдытæ конкурсы аразджытæ хицауады размæ дæр кæй рахæсдзысты. Æркаст стыр пайда хæссы куыд бæстæйæн, афтæ конкурсы алы архайæгæн дæр. Дыууæ боны дæргъы конкурсы архайджытæ сæхи фæлвæрдтой алыхуызон хæслæвæрдты. «Лидеры России» конкурс ацы аз цæуы æртыккаг хатт. Фæлæ, дзы журналисттæн архайыны бар уыд фыццаг хатт. Сæ бон сси разамонæджы хуызы сæхи бафæлварын. Куыд разынд, афтæмæй уый сæ къухы æнтыстджынæй бафтыд. Конкурс арæзт у Владимир Путины хъæппæрисмæ гæсгæ. Президенты платформа "Россия-страна возможностей", зæгъгæ, йы раззагдæр проект у. Йæ хуыздæр архайджытæ систы алы къабæзты æмæ регионты губернатортæ æмæ министртæ. Конурсы фыццаг бон йæ архайджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Сергей Стариков. Æрдæгфиналы уæлахиздзаутæ Уæрæсейы регионтæй сты 30. Се 'ппæтæн дæр радих кæндзысты милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ хъуамæ бахардз кæной сæ ахуырад, кæнæ профессионалон квалификаци фæуæлдæр кæныныл. Æрдæгфиналы уæлахиздзауты 'хсæн ма хуыздæрты рабæрæг кæндзысты Сочийы, конкурсы финалы. Фадат сын уыдзæн конкурсы фæстæ Уæрæсейы хуыздæр разамонджытимæ æмгуыст кæнын. Баххуыс сын кæндзысты сæ проекттæ баххæст кæнынмæ. Хуасдзауты Алинæ, Галина Григорян _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Пятигорскы кæронмæ æрхæццæ разамонджыты конкурсы æрдæгфинал

Категория:

Новости и СМИ