Дзæуджыхъæуы кусын райдыдта ног маршрут
Дзæуджыхъæу куыд егъаудæр кæны, афтæ парахатдæр кæны транспортон бастдзинад дæр. Ацы бонты горæты фæзынд ног маршрут - 44-æм. Ис дзы 15 хæдтулгæйы. Маршрутмæ хаст æрцыдысты, раздæр æхсæнадон транспорт цы уынтгтыл нæ цыд, уыдон. Æдæппæтæй маршруты дæргъ у 40 км. Ног хæдтулгæ цæуы 10 минутæй 10 минутмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv