Раздзоджы нуазыны дон кæлын райдыдта парахатæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Раздзоджы цæрджытæ кæдæй-уæдæй нуазыны донæй цух нал æййафынц. Уый тыххæй дзыллон информацийы фæрæзтæ фехъусын кодтой абон. Раздæр уымæй тынг тыхстысты. Адæм сæхи бакъул кодтой доны хæдзарадмæ кæсæг паддзахадон куыстуатмæ сæ курдиатимæ. Хъæуы дыууæ уынджы цæрджытæм дон æппынæдзух къуылымпытимæ калдис. Ныр журналисттæн Цæгат Ирыстоны цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрады пресс-службæйæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй адæмы æрыхъуыстой. Хъуысайы-фырты номыл æмæ Пролетараг уынгты цæрджытæм ныр хъуамæ сæ цард сæ зæрдæмæ фæцæуа. Заууатмæ чи `рцыд, уыцы дондзæуæн хæтæлтæ баивтой. Æппæт хъæугæ æрмæджытæ дæр цæрджытæ сæхи фæрæзтæй балхæдтой. Гæрзтæ раивыны хæс та йæхимæ райста доны хæдзарадмæ кæсæг куыстуат. Уынгты 140 метры дæрддзæгыл сæвæрдтой ног хæтæлтæ. Уыдонмæ, куыд зæгъынц, афтæмæй фау хæссын нæ бахъæудзæн 50 азы. Ныртæккæ дыууæ уынджы цæрджытæм дæр дон æнæ къуылымпытæй кæлы, фæбæрæг кодта бæрнон куыстуаты директоры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Перисаты Спартак. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Раздзоджы нуазыны дон кæлын райдыдта парахатæй

Категория:

Новости и СМИ