Цыколайы адæмы цинæн байгом кодтой фæлладуадзæн бынат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

12 просмотров

7 лет назад

Кæд Дигорайы æхсæнадон бынат нырма уал фæцæттæ кæны, уæд Цыколайы та абон байгом кодтой фæлладуадзæн фæзуат. Парти «Иугонд Уæрæсе» дæр фæстейы нæ зайы ацы хъуыддаджы. Сæрмагонд программæмæ гæсгæ байгом кодтой фæлладуадзæн бынат. Цавæр рæсугъддзинæдтæй æлвасдзæн йæхимæ ног улæфæн фæз, уый нæ дарддæры æрмæджы. Адæмы цинæн кæрон нæй. Ног фæлладуадзæн бынатмæ Цыколайы цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Ныр дзы сæ рæстæг пайдаимæ æрвитдзысты куыд сывæллæттæ, афтæ хистæр кары адæм дæр. Улæфæн бынаты раз арæх фæаразынц спортивон ерыстæ, æхсæнадон мадзæлттæ. Йæ фарсмæ та ис стадион. Ног фæз Цыколайы фæзынд фарон, фæлæ, йæ алфамбылай уыд заууат уавæры. Фос дзы æмбырд кодтой. Ныр бынатыл бæстонæй бакуыстой. Уый тынг æхсызгон хъуыддаг у хъæуы цæрджытæн. Стадионы цур ныртæккæ фæзынд зæрдæмæдзæугæ бынат рæстæг хорз æрвитынæн. Сарæзтой дзы къахвæндæгтæ. Равæрдтой сæ аив къæйдур плиткæйæ. Фæлладуадзæн бынат арæзт æрцыд «Иугонд Уæрæсе»-йы федералон программæмæ гæсгæ. Бахардз ыл кодтой 4 милуан соммæ ввахс. Æдæппæтæй куыстытæ ахастой 4 мæйы. «Æнцонвадат цæрæнбынат»-ы программæйы фæлгæты ацы аз республикæйы сарæзтой 15 фæлладуадзæн бынаты. Иннæ аз дæр уыцы куыст дарддæр ахæццæ кæндзысты. Программæйы фæлгæты ма хæрз æрæджы базылдысты Æрыдоны аллеймæ дæр. Ирхæфсæн бынатæн Цыколайы ис стыр ахадындзинад. Сывæллæттæн дзы сарæзтой хиирхæфсæн фæз дæр. Фæсивæдæн дзы ныффидар кодтой тренажертæ æмæ турниктæ. Уыимæ ног стадион дæр у сæ бар. Бынæттон цæрджытимæ цин кодтой бæрнон кусджытæ. Улæфæн бынаты фæзынд хæдтулгæтæ æвæрæн бынæттæ. Сыгъдæгдзинадæн та дзы сæвæрдтой бырон æмбырдгæнæнтæ. Хæстæгдæр рæстæг ма Цыколайы фæнд кæнынц хъæуы культурæйы хæдзары алфамбылаймæ базилын. Культурæйы хæдзары кæрты фæзындзæн Хетæгкаты Къостайы бюст. Районæн æй балæвар кодта нæ республикæйы хицауад. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цыколайы адæмы цинæн байгом кодтой фæлладуадзæн бынат

Категория:

Новости и СМИ