Сырх Дзуары æххуыс

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Æнæзонгæ ран ма фæтæрсын æмæ, куыд æмбæлы, хи афтæ дарын, медицинон æххуыc кæныныл фæцалх уæвын, къорды иумæ кусын æмæ æнæнхъæлæджы цауты архайынмæ арæхсын. Ацы æмæ `ндæр хъуыддæгтыл ахуыр кæнынц бархионты Сырх Дзуары кусджытæ. Ацыдысты Цъæйы коммæ. Ахуырты архайджытæ иу хъуыдыйыл хæст сты - æххуыс кæй хъæуы, уыдонмæ хъуамæ фæкæсын сæ бон уа. Бархионтæ æмæ Сырх Дзуары æмархайдæн æвдисæн уыдис не сфæлдвыстадон къорд дæр. 2 мин бæрзæндыл, хохы цъуппыл 50 адæймагæй фылдæр. Альпинизмæй ерыстæ не сты. Цæгат Кавказы регионтæ æмæ Санкт-Петербургæй сæмбæлдысты. Ерысты хуызы æвдисынц сæ фæлтæрддзинад æмæ сæ арæхстдзинад. Дзыныхты Эльвирæ Ирыстоны минæвар у. Куыд зæгъы, афтæмæй зын уавæры бахауæг адæмæн æххуыс кæнынмæ тырны зæрдæргъæвдæй. Сырх Дзуары бархионтимæ æмгуыстады тыххæй дзурынц Дунеон къамисы хистæр кусджытæ дæр. Удо Вагнер у Уæрæсе, Белорусси æмæ Молдавийы `хсæн хъуыддæгты фæдыл амидингæнæг. Йæ ныхæстæм гæсгæ Сырх Дзуары минæвæрттæ иу æмæ дыууæ хатты не ссыдысты Цæгат Кавказмæ. Удо Вагнер: «Нæ куысты къабæзтæй иу у - æнæнхъæлæджы цаутæм цæттæ уæвын. Мыййаг, ахæм уавæр куы сæвзæра, уæд Уæрæсейы Сырх Дзуары цæгат-кавказаг архайджытæ, стæй мах дæр уайтагъд æрбалæудзыстæм сæ цуры». Кæд ацы мадзал ерысты хуызы цæуы, уæддæр йæ сæйраг нысан у архайджытæн сæ фæлтæрддзинад фæахадгæдæр кæнын. Сæ фылдæр сты хуымæтæг бархионтæ. Æнæмæнг дарддæр кусдзыстæм, цæмæй ахæм мадзæлттæ арæх æмæ уæрæхдæр кæной. Ныр уал нæ мадзал фыццаг у. Ис дзы Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады къордтæ дæр. Уæлдай æххуыс сты медицинон кусджытæн. Адæм ныфс æвæрынц Сырх Дзуарыл. Дызæрдыг нæ кæнынц йæ куыстыл. Цæгат Ирыстоны ис Сырх Дзуары регионалон хайад. Йæ сæргъы лæууы Хъуысаты Иринæ. Сæ куыст кæнынц, куыд æмбæлы афтæ: æххуыс кодтой терактты рæстæг, æрдзон фыдбылызы фæстæ. Уæлдай къæрцхъус уыдысты 2016-æм азы дæр, нæ республикæйыл тыхджын их куы `рызгъæлд, уæд. Хъуысаты Иринæ куыд зæгъы, афтæмæй æнæ фæлтæрдджын бархионтæй сæ къухы ницы бафтыдаид. Дунеон Сырх Дзуары фæрцы нæ хайадæн фадат ис бархионты фæлтæрддзинад фылдæр кæнынæн. Алырдæм дæр арæхсынц. Дохтыры агъоммæ хъæугæ æххуыс бакæнын, æнæнхъæлæджы уавæры домæнтæм гæсгæ архайын æмæ адæммæ фæкæсынмæ. Ерысты программæ цымыдисаг у. Бархионтæ сæ тыхтæ фæлварынц цалдæр фæзы. Æрмæст теоретикон зонындзинæдтæ нæ исынц. Алы къахдзæф дæр цыма æцæг уавæртæм хæстæг у, афтæ. Ахуыртæ ахæсдзысты 28 сентябрмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Сырх Дзуары æххуыс

Категория:

Новости и СМИ