Республикæйы æхсæнадон æххуысы штабы сарæзтой сæрмагонд ахуыртæ

Жгутæй пайда кæнын, зæрдæйы реанимаци кæнын æмæ сусæггæнæн хызтæ бийын. "Согрей солдата" æхсæнады бархионтæ æмæ æппæтуæрæсеон ирвæзынгæнджыты корпусы регионалон хайады ирвæзынгæнджытæ республикæйы æхсæнадон æххуысы штабы сарæзтой дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Бацархайдтой дзы 50 адæмаджы. Сæ фылдæр сты фæсивæдон бархион организациты минæвæрттæ. Сæрмагонд æмбырды та ныхас цыд æфсæддон ныфс бæрзонддæр кæныныл, стæй гуманитарон æххуыс кæныныл. Хæстæгдӕр рæстæг не 'фсæддонтæн сæрмаонд æфсæддон операцийы бынатмæ æрвыст æрцæудзæн гуманитарон уæз. Æмбырд æй кæнынц ахуырадон уагдæттæ. Мадзал сбастой Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бонимæ. Аразджытæ сты - Иугонд Уæрæсе республикæйы æхсæнадон æххуысы штабимæ иумæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 460 подписчиков
12+
20 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии