Аккаг аргъ
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав Хæххон аграрон университеты раздæры ректор Козаты Георгийы схорзæхджын кодта «Ирыстоны намысы майдан»-æй. Куыд бафиппайдта афтæмæй йæ лæггæдтæ нæ Иры зæххыл бирæ сты. Йæ куыст та уыд хъæугæ æмæ ахадгæ Козаты Георгий бæрæг кæны йæ 80-азы юбилей. Уый 10 азæй фылдæр куыста университеты ректорæй. Уымæй уæлдай ма, уыд Цæгат Ирыстоны парламенты 1-аг æмæ 2-аг æмбырды депутат. Куыста республикæйы хицауады сæрдары хæдивæгæй. Битарты Вячеслав юбилярæн ракодта арфæйы ныхæстæ. Арфæтимæ фыстæг ын æрбарвыста Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий дæр. Козаты Георгий хорзæхджын æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон «Хæлардзинады майданæй». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Аккаг аргъ
Категория:
Новости и СМИ