Сабиты цинæн
Ацы азы кæронмæ Цæгат Ирыстоны байгом кæндзысты 6 ног рæвдауæндоны. Ахæм хъуыддаг фенцондæр уыдзæн нæ республикæйы 7 районы. Рады фарстайы 1 мин бынат кæй зæгъын æй хъæуы, хорзырдæм фæзындзæн. Гæнæн ис, ныййарджыты риссагдæр фарста бынтон айсдзысты. Нæ республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Людмилæ Башаринæйы ныхæстæм гæсгæ, ныридæгæн рæвдауæндæттæм рады ис 1 мин æмæ 893 сабийы. Уыдонæй, 3 азы кæуыл нæма цæуы, ахæмтæ 9 сæдæ 29 сывæллоны. 3-йæ 7 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ та 9 сæдæ 64. Дыууæ рæвдауæндоны, фæйнæ 20 бынаты кæм ис, ахæмтæ амайынц ныридæгæн Горæтгæроны районы. Цы социалон бæстыхæйтты тыххæй дзурын, уыдонæн алкæмæн дæр федералон бюджетæй фæйнæ 115 милуан сомы радих кодтой, республикон бюджетæй та 9 милуанмæ ввахс. Куыстытæ ныридæгæн цæуынц. Не сфæлдыстадон къорд абалц кодта Дачныйы хъæумæ. Уыс цавæр рæвдауæндон фæцæттæ кæны, уый базыдта ме*мкусæг Плиты Хетæг. Ацы сывæллæтты ног рæвдауæндоны бынат ис 120 адæймагæн. Бындур ын сæвæрдтой фарон аз. Арæзтадон куыстытæ райдыдтой ноябыры æмæ ныр кæронмæ æрхæццæ сты. Федералон программæмæ гæсгæ, рæвдауæндон саразынæн радих кодтой фæрæзтæ 114 милуан сомы. Арæзтадон компанийы директор Абайты Сосланы куыд зæгъы, афтæмæй ам алцыдæр цæттæ у. Баззадис ма бæстыхай расыгъдæг кæнын. Уæлдай æргом аздæхтой æдасдзинады домæнттæ сæххæст кæнынмæ. Афтæмæ, зæгъгæм, зингсирвæзт куы æрцæуа, уæд уай тагъд æркусдзысты æвæстиаты гæрзтæ. Уæдæ электрон тыхæй дæр бахъуаджы рæстæг дзаг сты. Рæвдауæндоны ис 2 резервуары, алкæйы дæрд дзы цæуы 100 кубы дон. Бæстыхай арæзт у сæрмагонд проектмæ гæсгæ. Алцæмæндæр ис фæткæвæрд æмæ йæхи бынат. Зæгъгæм, мæнæ хæринæгтæ кæм кæнынц, уыцы блок. Ис дзы дзидзайы æмæ кæсæгты, халсарты æмæ цæттæ кондады цехтæ. Ног хуыссæн бынæттæ, ног хæрæндон, хъазынæн фæз æмæ ма бирæ æндæр ног кусæнгæзтæ. Абайты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ ма хъæуы æмбæлгæ гæххæттытæ бацæттæ кæнын. Арæзтадон куыстытæ куыд цыдысты, уымæ лæмбынæг сæ хъус дардта республикæйы хицауад. Æнхъæлмæ йæм кæсынц бынæттон цæрджытæ дæр. 1-сентябры бæстыхай йæ дуæрттæ хъуамæ бакæна. Уый та ууыл дзурæг у æмæ ног рæвдауæндоны тагъд сабитæ хъæлдзæгæй разгъор-базгъор кæндзысты. Плиты Хетæг _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сабиты цинæн
Категория:
Новости и СМИ