Цæмæн афтæ бакодта?
Цалдæр боны размæ Грознайы не мзæххон сылгоймаг-шофыры кæй амардтой, уый æхсæнады бацагайдта. Регионы цæрджыты зонд нæ кæрды, 3 сывæллоны мады амарынмæ къух сисæн куыд уыдис, уый. Сылгоймаг куыста Дзæуджыхъæуы такситы фирмæтæй иуы. Слестгæнджытæ куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй йæ кардæй фæрæхуыстытæ кодта ЦÆцæны 25-аздзыд цæрæг. Хъавыд ын йæ машинæ «Лада-Калина» байсын. Нæлгоймаджы æрцахстой. Дыууæ республикæйы мидхъуыддæгты министрады кусджытæ архайынц уголовон хъуыддаг равзарыныл. Кусынц, цæмæй ацы цау нациты `хсæн ахастдзинæдтыл ма фæбæрæг уа, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цæмæн афтæ бакодта?
Категория:
Новости и СМИ