Цæгат Ирыстоны хицауады уӕнгтӕ ӕрдзырдтой республикӕйы ахсджиаг фарстатыл
Республикæйы эпидемиологон уавæр у зæрдæхсаинаг. Ковиды стационартæм медицинон æххуысмæ чи цæуы, уыдон, раздæримæ абаргæйæ, 14% фæфылдæр сты. Ууыл дзырдтой радон аппаратон æмбырды. Сæрдариуæг дзы кодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло. Дзырдтой туаггуырæй ифтонгадыл дæр. Регионы разамонæг бабар кодта уыцы хъуыддагæн ӕмбӕлгӕ фæтк саразын. Ивгъуыд къуыримæ Цæгат Ирыстоны цӕрджытӕй рынчындонмæ бахауд 632 адæймаджы. Уый, раздæримæ абаргæйæ, у 10,3% фылдæр. Ковид-стационартæм медицинон æххуысмæ чи цæуы, уыдон та фæфылдæр сты 14% бӕрц. Уæдæ вакцинаци ацæуын кæй фæнды, уыдоны нымæц дæр зынгæ фæфылдæр. Аппаратон æмбырды дзырдтой, хостæ льготӕйы хуызы кӕмӕн ӕмбӕлы, уыдоны ифтонгады тыххæй дæр. Фæзындзысты ноябры райдианы. Алы хосæн дæр скодтой сæрмагонд график. Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй, бюджет нысангæнгæйæ, ацы хъуыддагмæ хъæуы лæмбынæг кæсын. Цæрджыты хостæй ифтонг кæныны хъуыддаджы хъуамæ къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Дзырдтой туаггуырæй ифтонгадыл дæр. Ныртæккæ æвæрæны ис 23 тоннæйы. Уый у бонваг. Медицинон уагдæтты 'хсæн ӕй æмхуызон байуарынц. Хъуыддагмæ бæрнон адæм цыбыр рæстæгмæ æркæсдзысты. Цæмæй медицинон туаггуыр республикæмæ æнæ къуылымпытӕй хæццæ кæна, уый тыххæй хъæуы 10 хæдтулгæйы. Ныридæгæн сты æрмæст аст. Сергей Меняйло бабар кодта уыцы хъуыддаджы фӕдыл бацӕттӕ кӕнын хӕрдзты бӕлвырд нымад æмæ саразын ӕмбӕлгӕ фæтк. Уымæй уæлдай, регионы разамонæг куыд бафиппайдта, афтæмæй алы муниципалон сконды дæр кусдзысты радхӕссӕг къордтæ, цæмæй æнæнхъæлæджы уавæры рæстæг цæрджытæн хъæугæ æххуыс бакӕнӕн уа. Бадзурæн сæм уыдзæн «службӕ 112» -ы фӕрцы. Æвæстиатæй хъæуы центрты структурæйыл бакусын. Аппаратон æмбырды ма куыд фехъусын кодтой, афтæмæй ног азы райдиан республикӕйы сӕрдары сӕрмагонд уавӕрон центр сифтонг кæндзысты хъæугæ мигæнæнтæй. Регионы разамонæг куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм центртæ хъуамæ фæзыной алы районы администрацийы бындурыл дæр. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv