Хъæбатыры номыл
Дзæуджыхъæуы ма сарæзтой Плиты Иссæйы номыл турнир дзюдойæ дæр. Хъуыстгонд инæлары кадæн ерысты архайдтой æрыгæттæ. Кадджын мадзал байгом кодтой хицауады сæрдар Тускъаты таймураз, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур æмæ спорты министры хæстæ æххæстгæнæг Бæройты Хасан. Турнир сарæзтой Плиты мыггаджы минæвæрттæ æмæ цæгатирыстойнаг дзюдоистты сæйраг тренер Беккуызарты Алик. Советон Цæдисы дыууæ хатты хъæбатыры номыл арæзт турниры сæ арæхстдзинад равдыстой нæ республикæйы хуыздæр дзюдоисттæ, стæй Цæцæны, Хъæрæсе-Черкесийы, Азербайджаны æмæ Стъараполы крайы минæвæрттæ. Спортсменты нымæц уыдис 70 адæймаджы, хъæбысæй хæцыдысты 7 уæзы. Цæгатирыстойнаг дзюдоисттæ турниры рамбылдтой 5 сызгъæрин майданы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъæбатыры номыл
Категория:
Новости и СМИ