Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы ассывтой 360 мин сомæй фылдæр

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады темæ дарддæр ахæццæ кæндзыстæм, æрмæст æм ныр та иннæрдыгæй баздæхдзыстæм. Экономикон фыдракæндтимæ тохы æмæ гæртæмттæ исыны ныхмæ хайæдты кусджытæ рабæрæг кодтой бюджетон фæрæзтæ ассивыны цау. Фыдракæнд æрцыд Бындурон цалцæджы фонды æмæ арæзтадон хæстæ æххæстгæнæг куыстуаты бадзырды рæстæг. Амынд куыд у, афтæмæй Дзæуджыхъæуы фондзуæладзыгон цæрæн хæдзæрттæй иуы сæр ивыны куыстыты рæстæг паддзахады дзыппы давæг йæ къух атъыста. Арæзтадон иугонды хицау бавдæлд, æмæ дихгонд бюджетон æхца, стæй адæмы фиддонты иу хай фæкъуыввитт кодта. Куыстытæ кæронмæ нæма ахæццæ сты, афтæмæй заказгæнæгæн йæ къухы балæууын кодтой кæронбæттæны гæххæттытæ, цас уыдис, уымæй бæрзонддæр æргътимæ. Афтæмæй 361 мины æмæ 271 сомы цы фесты, уый фыццаг ничи бамбæрста. Фæстæдæр фырсæрæн разамонæджы рохтыл барады кусджытæ æрхæцыдысты. Ныртæккæ азымджыныл байгом кодтой уголовон хъуыддаг цæстфæлдахæн миты тыххæй. Уголовон Кодексы уый у 159-æм статьяйы 3-аг хай. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады къабазы ассывтой 360 мин сомæй фылдæр

Категория:

Новости и СМИ