Сывæллæтты интеллектуалон хъæзтытæм æмхиц кæнын æмæ сæ нæ бæстæйы хъæбатыртимæ зонгæ кæнын
Сывæллæтты интеллектуалон хъæзтытæм æмхиц кæнын æмæ сæ нæ бæстæйы хъæбатыртимæ зонгæ кæнын. Скъоладзауты 'хсæн шахмæттæй турнир ацыд Национ наукон чиныгдоны. Архайдтой дзы Алагиры, Æрыдоны, Æрæфы æмæ Дыгуры районты минæвæрттæ. Алы районæй дæр 2 командæйы фæйнæ æртæ адæймагимæ. Фыццагкъласонтæй хистæркъласонты онг. Турниры архайджытæ хъазыдысты Шахмæтты æппæтдунеон федерацийы фæткæвæрдмæ гæсгæ. Ерыстæй ссардтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Габеты Уазгерийы ном. Уый хæстмæ ацыд 17 азы дæр ыл æххæстæй нæма цыд, афтæмæй. Иу афæдз бафтыдта йæ азтæм, цæмæй йæ акæной бархионæй. Хæстон цауты архайдта райдианæй кæронмæ. уыд сгарæг, стæй танкист. Цалдæр хатты уыд цæф дæр. Ветеран æппынæдзух фæдзæхста, Фыдыбæстæ уарзын, уæззау рæстæджыты та йæ хъахъхъæнын. 21-æм январы йыл сæххæст уыдаид 100 азы. Уый дæнцæгыл рæзгæ фæлтæрæн амонын хъæуы патриотизмы бындуртæ, зæгъынц клуб "Родина"-йы уæнгтæ, сты мадзаларазджытæ. Шахмæтты турниры архайджытæн радтой лæвæрттæ. Уæлахиздзауты схорзæхджын кодтой дипломтæй, майдантæй, кубоктæй, æхцайы призтæй, стæй Стыр Уæлахизы тыххæй чингуытæй.