Бюджетон куыстуæттæ «Цæгаткавказэнерго» хæс кæй дарынц, уый тыххæй æрныхас кодтой хицауады хæдзары
Бюджетон куыстуæттæ «Цæгаткавказэнерго»-йæ хæс кæй дарынц, уый тыххæй æрныхас кодтой хицауады хæдзары. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав хицауады уæнгтæ æмæ муниципалитетты сæрдартимæ фæнысан кодтой æппæты ахсджиагдæр фарста – электрон тыхæй чи пайда кæны регионалон бюджеты фæрæзтæй, уыдоны фиддоны фæтк. «Цæгаткавказэнерго»-йы сæрдар Быгъуылты Сослан йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй бюджетон куыстуæтты фиддонты бæрц январы сси 51%. Кæй нæ бафыстой, уый иумæйаг хæс рауад 4 милуан сомæй фылдæр. Быгъуылты Сослан фæбæрæг кодта хæсы нымæц кæй рæзы, уый. Уыдоны хыгъды ис цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад. Егъау хæсдарджытæ сты: «Владикавказские тепловые сети», уыдон хæс дарынц 755 милуан сомы, куыстуат «Коммунальщик» - 67 милуан сомы, Рахизфарсы районы чи ис, уый та дары 40 милуан сомы. Æппæт ацы хъуыддæгтæ фехъусгæйæ, Битарты Вячеслав фæнысан кодта, хицауад æмæ районтæ æххæстæй æмæ рæстæгыл кæй хъуамæ фидой æхца, цæмæй сæ хæс æмбырд ма кæна. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бюджетон куыстуæттæ «Цæгаткавказэнерго» хæс кæй дарынц, уый тыххæй æрныхас кодтой хицауады хæдзары
Категория:
Новости и СМИ