Бæлццæтты хорздзинадæн
Беслæны байгом кодтой цалцæггонд автостанцæ. 2012-æм азы станцæ цы куыстуаты къухы уыд, уый банкротыл банымадтой. Уæдæй нырмæ станцæ уыд конкурсон разамонæджы бæрны. Уыд зауат уавæры. Адæмы иу хъуыд уынджы лæууын. Горæты цæрджытæ бахатыдысты республикон парламенты депутат Уататы Зелиммæ станцæйы æрлæууæн бынат сцалцæг кæныны курдиатимæ. Уый республикæйы промышленность æмæ транспорты министрад, районы разамынд æмæ бынæттон хиуынаффæйады администрацийымæ фарста аиуварс кодтой. Ныр ног зылд автостанцæйы кусы кассæ. Адæмæн дзы сæ бон балхæнын у билет республикæйы районтæ æмæ иннæ регионтæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæлццæтты хорздзинадæн
Категория:
Новости и СМИ