Хицауады хæдзары Сергей Меняйлойы разамындимæ уыд аппаратон æмбырд
Цæгат Ирыстоны барадхъахъхъæнджытæм æрбацыд, Дзæуджыхъæуы 42 скъолайы срæмудзынвæнд кæй кæнынц, ахæм хъусынгæнинаг. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта вице-премьер Томайты Ирбег. Специалисттæ бæрæг кæнынц æфсæнвæндаггон вокзал æмæ базарадон бынæттæ. Уыдоны тыххæй дæр æрбацыд æртхъирæнгæнæн информаци. Æмбырды ма дзырдтой Цæгат Ирыстоны эпидемиологон уавæрыл. Ног рынчынты нымæцыл ивгъуыд къуыри бафтыд 14%. Ковидгоспитальтæм æххуысагур чи æрбацыд, уыдоны нымæц дæр 11% фæфылдæр. Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тебиаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ республикæйы ис 1 321 хуыссæнуаты. Дзæбæх дзы кæнынц 1 124 адæймаджы. Рынчынты нымæц кæй фылдæр кæны, уымæ гæсгæ уæлæмхасæн бынæттæ фæзынд эндокринологон центры бындурыл. Туаггуыр ласыны хъуыддагмæ уæлдай æргом аздахын бабар кодта Сергей Меняйло. Æрвылкъуыри Цæгат Ирыстонмæ ласынц туаггуыры 32 тоннæйы. Сергей Меняйло баныхас кодта уыцы нымæц ноджы фæфылдæр кæныныл. Æмæ ма нын ныр куыд хъусын кæнынц, афтæмæй скъолатæ срæмудзыны тыххæй хъусынгæнинаг разынд мæнг. Ныртæккæ специалисттæ сгарынц æфсæнвæндаггон вокзал æмæ базарадон центртæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv