Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты раивтой 133 лифты
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ сты бирæуæладзыгон хæдзæртты лифтытæ ивыны куыстытæ. Райдыдтой сæ 2018 азы. Æдæппæтæй пъланмæ гæсгæ раивтой 133 лифты Дзæуджыхъæуы æмæ Алагиры районы. Лифтыты хæрзхъæддзинад сбæрæг кодтой сæрмагонд къамисы уæнгтæ. Дзæуджыхъæуы Мæскуыйаг уынджы лифтытæ 25 азæй фылдæр ивд нæ уыдысты. Уыцы рæстæгмæ сæ куыст бынтон хорз нал кодтой. Арæх-иу састысты. Фæлæ 2018 азы сæ ивын райдыдтой. Ныртæккæ ацы бирæуæладзыгон хæдзары цæрджыты бон у ног лифтæй пайда кæнын. Уый стыр æнцондзинад у цæрджытæн, уæлдайдæр ацæргæ адæмæн. 9-æм уæладзыгæй бынмæ æнæ лифтæй æрхизын алкæй бон нæ уыд. Ног лифтытæ дзуапп дæттынц æппæт нырыккон техникон æмæ æдасдзинады домæнтæн. Зæронд лифтытимæ абаргæйæ сæ куыст кæнынц æнæ уынæрæй. Кæбинæйы ис хи дарыны фæткæвæрды фыст. Свет куы ахуыссы, уæддæр кабинæйы рухс вæййы. Æмбæлгæ уæладзыгмæ куы фæцæйхæццæ кæны лифт, уæд æй адæймагæн фехъусын кæны кабинæйы хъæлæс. Исты къуылымпыдзинады рæстæг кабинæйæ диспетчермæ бадзурыны фадат ис. Ныртæккæ лифтытæ кусынц æнæ къуылымпыйæ. Сæ раивынæй уæлдай ма сынсарæзтой сæрмагонд техникон бынæттæ дæр æппæты фæстаг уæладзыджы. Владислав Мельницкий, ООО «Алания лифт»-ы сæйраг инженер: «Ныртæккæ стæм техникон хайады. Сæрмагонд станцæ дзы ис, диспетчеримæ дзы ис бастдзинад. Ардæм хъуамæ специалист йеддæмæм мачи цæуа. Йæ дуар дæр сæрмагонд æрмæгæй арæзт у. Цæмæй зынгсирвæзты рæстæг арт ма бахæццæ уа æмæ ма фехала лифты куыст. Лифтытæ ивгæйæ къулымпыдзинæдтимæ дæр æмбæлыдыстæм. Фæлæ сæ иумæйагæй аиуварс кодтам. Дарддæр дæр нæ цæст дардзыстæм, сæхи куысты мидæг куыд æвдисдзысты, уымæ». Нæ республикæйы æдæппæтæй раивтой 133 лифты 44 бирæуæладзыгон хæдзары. Куыстытæ цыдысты сæрмагонд программæмæ гæсгæ. Бахардз сыл кодтой 292 милуан сомы. Проекты фæлгæты бардзырд бафыстой бындурон цалцæггæнæн куыстыты фонд æмæ куыстуат «Мосрегионлифт». Æппæт лифтытæ дæр хъуамæ ивд æрцыдаигкой 2018 азы кæронмæ. Фæлæ, куыстытæ æххæстгæнæн компанийы аххосæй афойнадыл куыст нæ фесты. Надгериты Батраз, РЦИ-Аланийы артаг, энергетикæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады хайады сæрдар: «Абон æппæт лифтытæ дæр ивд æрцыдысты. Сæ фылдæр хай сты Дзæуджыхъæуы бирæуæладзыгон хæдзæртты. 16 та Алагиры районы: Мызур æмæ Алагиры. Куыстыты хай æмбæлгæ рæстæгмæ конд кæй не ’рцыд, уымæ гæсгæ куыстытæ æххæстгæнæг компани иваргонд æрцыд. Æппæт лифтытæм дæр бæрнон специалисттæ æркастысты. Куыстыты рæстæг сæмбæлдыстæм зындзинæдтимæ дæр. Фæстаг уæладзгуыты чи цæры, уыдон сарæзтой къæбицтæ æнæзакъонæй. Уыцы фарстамæ дæр æркастыстæм. Ныр дзы ис лифтытæн техникон хайад. Æппæт лифтытæ дæр кусынц æмбæлгæ фæткмæ гæсгæ». Министрады минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй иннæ аз дæр зæронд лифтЫтæ ивыны куыст дарддæр кæндзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны бирæуæладзыгон хæдзæртты раивтой 133 лифты
Категория:
Новости и СМИ