Фермерон хæдзарад "Клубничная долина" - йы зайын кæнынц галæрыскъæф
Ацы быдырты музыкæйы зæлтæ иу минут дæр нæ мынæг кæнынц. Æрыскъæфтæ æмбырд кæнынц æрмæст афтæ — зарджытæ æмæ хорз зæрдæйы уагимæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй уый тынг ахсджиаг у — гагадыргъ вæййы адджындæр æмæ ставддæр. Уый ам фидарæй зонынц. Галæрыскъæф æрзайын кæнын æнцон хъуыддаг нæу. Домы бирæ рæстæг æмæ лæбынæг æркаст. Ахсджиаг æй у донæй раст æфсадыны хъуыддаг. Ома, донцухæй гагадыргъ куыд сæфы, афтæ æгæр бирæ дон дæр ахады йæ хуыз æмæ йæ адыл. Фæлæ æппæт домæнтæ хынцгæйæ, уыимæ боныхъæды уавæртимæ, ис æрзайын кæнын мæнæ ахæм ставд гагатæ. Уыимæ ма, галæрыскъæфтæ сты тынг адджын, уый сбæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд дæр. Хæрæн æй ис быдырæй, зайын æй кæнынц æнæ химийæ. Ацы мыггаг йæхæдæг у ставд, фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, цæмæй бæркадджын тыллæг радта, уый тыххæй хъæуы æмбæлгæ зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинад. Нæ агроном Козаты Ларисæ у дæсны специалист. Къутæрмæ куы æркæсы, уæддæр æй фæзоны, цы йын нæ фаг кæны æмæ цы цух у, уый. Нæ гагадыргъдты химион буаргъæдтæ нæй. Сты хъæздыг витаминтæй. Ацы мыггаг хуыйны Альбион — сзайын æй кодтой Калифорнийы. Ирыстоны йæхи хаты хорз. Куыстуат "Клубничная долина" æрмæст гагадыргътæ нæ зайын кæны. Иртасынц цалдæр сорты уидæгты системæ, уыимæ мæры алы хуызтæ. Ныридæгæн сæ къухы бафтыд æнтысдзинæдтæ дæр — бакуыстой садзинæгты ног хуызыл. Арæзтой йæ фыццаджы дæр сæхицæн, уымæн æмæ хæрзхъæд тауинæгтæ ссарын æнцон нæу. Куыстуатыл цæуы дыууæ азы. Уæвгæ, сæ куыст райдыдтой æндæр мыггагæй æмæ æнæ сæрмагонд бынæттæй. Фæстæдæр гагадыргъты фылдæр хай хъæрмуæттæй бамбæзтой. Афтæмæй, æрыскъæфтæ тагъддæр срæгъæд вæййынц. Нæ тыллæг æмбырд кæнын райдыдтам 1-æм майæ фæстæмæ. Фыццæгты бирæ нæ уыдысты — 30 кг, фæлæ бонæй-бонмæ тыллæг фылдæр кодта. Ныртæккæ æмткæй райсгæйæ рауайы 2 тоннæйы. Хъæрмуæтты æрыскъæф уыдзæн нырма къуырийы дæргъы. Быдыры та 2 къуырийы. Дарддæр та ногæй тыллæг дæтдзæн июлæй августы онг. Фидæнмæ сæм ис бирæ фæндтæ. Ацы аз æрыскъæфтæ фæфылдæр уыдзысты дыууæ гектары бæрц. Ныссаддзысты дыууæ мыггаджы. Уый хыгъд дарддæр парахат кæндзысты сæ тауинæгтæ. Куыд дзурынц, афтæмæй кæд гагадыргъ зайын кæнын æнцон нæу, уæддæр у зæрдæйæн æхсызгон куыст.