Парти «Иугонд Уæрæсе» йы уæнгтæ сарæзтой мониторинг
Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ та сбæрæг кодтой сывæллæттæн хъазынæн фæзтæ. Мадзал сарæзтой «Народный контроль»,зæгъгæ проекты фæлгæты. Акцийы сæйраг нысан базонын хъазæн фæзтæ цавæр уавæры сты, уый. Мониторинг скодтой куыд егъау, афтæ бирæуæладзыгон кæртыты чи ис, уыцы фæзты дæр. Мадзалы хатдзæгтæй парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады уæнгтæ баззадысты разыйæ. Фæзты хъелаугæнæнтæ æмæ турниктæ конд сты экологон æгъдæуæй æдас æрмæджытæй. Уыимæ ма дзуапп дæттынц хъæугæ домæнтæн. Бафтаудзыстæм ма уый æмæ партийы уæнгтæ ахæм акци саразынц æрвылмæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Парти «Иугонд Уæрæсе» йы уæнгтæ сарæзтой мониторинг
Категория:
Новости и СМИ