Æмхуызонæй хъæлæс кæнын
Хицауады хæдзары абон æрдзырдтой, йæ `нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уыцы адæмы æвзарæн бартыл. Мадзал арæзт æрцыд нæ республикæйы центрон æвзарæн къамисы хъæппæрисæй. Архайдтой дзы бæрнон кусæндæтты уæнгтæ. Бакастысты докладтæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы президенты æвзæрстыты рæстæг ахæм адæмæн сарæзтой æппæт уавæртæ. Ацы фарстайыл Ирыстон кæддæриддæр хорз кæй куыста, уый дæр загътой. Фæлæ ма æргом аздахинаг хъуыддæгтæ дæр бирæ ис. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 9-æм сентябры фыццаг хуыцаубоны æгас Уæрæсейы æвзардзысты бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм уæнгты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æмхуызонæй хъæлæс кæнын
Категория:
Новости и СМИ