Республикæйы депутаттæ Парламенты сфидар кодтой бинонты политикæйы закъоны проект

Республикæйы депутаттæ Парламенты 26-æм æмбырды фыццаг æркасты сфидар кодтой бинонты политикæйы закъоны проект. Йе 'руаджы фæуæрæхдæр бирæсывæллонджын бинонтæн социалон æххуысы фадæттæ. Сæ хыгъдмæ ма бахæсдзысты сывæллоны иунæгæй чи хъомыл кæны, уыцы ныййарджыты дæр, сывæллæтты закъоны бындурыл минæвæртты, стæй сæ бæрны чи ис, уыцы сывæллæтты. Ног æххуысы гæнæнты 'хсæн - æхсæнадон транспорты лæвар цæуыны бар ахуыр чи кæны, уыцы сывæллæттæн, æрвылазон æххуыс скъоламæ сæрмагонд уæлæдарæс балхæнынæн, стæй спортивон уæлæдарæсæн ахуыры рæстæгмæ. Ныхас ма кодтой æнæмæнг медицинон фæдзæхстады фонды бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл дæр. Йæ фæлгæты ма ныхас цыд гемодиализыл дæр, ныртæккæ ацы медицинон лæггад æххæст кæнынц æрмæст хи медицинон куыстуæттæ. Депутатты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы республикæйы егъау паддзахадон медицинон куыстуæтты бындурыл саразын гемодиализы системæ.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
13 просмотров
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии