Цæгат Ирыстоны уыд педагогон дæсныдзинады æркаст
Цæгат Ирыстоны кæронмæ æрхæццæ педагогон дæсныйады æркаст «Класс», зæгъгæ. Бацархайдтой дзы 105 адæймаджы. Алы ахуырадон уагдонæй дæр нысангонд æрцыдысты ахуыргæнджыты иугондтæ. Къамисы уæнгтæ аргъ кодтой, архайджытæ гом уроктæ куыд цæттæ кæнынц, уымæн. Педагогон конференцийы кæронбæттæны сбæрæг сты 4 уæлахиздзауы. Се 'хсæн Джиоты Лейлæйы разамындимæ скъолайы ахуыргæнджыты иугондтæ, рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ, разамонæг Ирина Бозрова, уæлдæр ахуыргæнæн уагдæтты педагогтæ, разамонæг Гæджиты Аланæ æмæ Дзаболаты Ларисæимӕ уæлæмхасæн ахуырадон уагдоны иугонд. Уыимæ ма конференцийы рæстæг архайджытæ ацыдысты Мæскуыйы педагогон университеты доцент Артём Данилькевич æмæ 2020-æм азы хуыздæр ахуыргæнæг Михаил Гуровы дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Фæнысан кæндзыстæм, æрыгон педагогты профессионалон дæсныйады æркаст бацæттæ кодтой ахуырадон центр «Стартап», Президентон грантты фонд, Росмолодежь, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ Дзæуджыхъæуы æмбырды минæвæртты æххуысæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv