Хæрзиуджыты аккаг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг, уымæй уæлдай ма министрадты æмæ бæрнон кусæндæтты минæвæрттæ, 2018-æм азы цы спортсментæ фесгуыхтысты, уыдоны схорзæхджын кодтой ирон театры. Радтой сын Кады гæххæттытæ æмæ премитæ. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ ацы кадджын мадзал 15-æм хатт кæй сарæзтой. Хицауадон хорзæхты аккаг чи ссис æмæ Ирыстоны ном дунейы кæрæттæн чи зонын кæны, уый зоны нæ уацхæссæг Биджелты Бертæ. Сымах дæр ын йе `рмæгмæ бакæсут. Дунейы æмæ Европæйы 5-хатты уæлахиздзау, Уæрæсейы 6-хатты уæлахиздзау, зындгонд паратхэквондист Гæззаты Спартак райста преми нæ республикæйы сæргълæууæджы къухтæй 2018-æм азы æнтыстдзинæдты тыххæй. Ахæм хæрзиуæгыл цин кæны, фæлæ ивгъуыд азы хатдзæгтæй разы нæу. Европæйы ерысты рамбылдта æвзист майдан. Спартак нæ сусæг кæны, йæ бон хуыздæр бæрæггæнæнтæ равдисын кæй уыд, уый. Гæззаты Спартачы ног æнтыстдзинæдтæм бирæ æнхъæлмæ кæсын нæ бахъуыд. Ацы аз февралы рамбылдта сызгъæрин майдан дунейы ерысты Анталийы. 100 адæймагæй фылдæрæй æрцыдысты Спартачы размæ Беслæны аэропортмæ. Йæ тренер Дзытиаты Аслæнбеджы ныхæстæм гæсгæ, спортсмен ацы аз дæр йæ размæ æвæры стыр хæстæ. Абон премитæ, арфæйы фыстæджытæ æмæ кады гæххæттытæ ивгъуыд азы спорты къабазы æнтыстдзинæдты тыххæй райстой дæсгай адæймæгтæ. Нæ республикæйы хуыздæр тренертæ æмæ спортсменты æрвылазы хорзæхджын кæныны кадджын мадзал сарæзтой ирон театры. Физкультурæ æмæ спорты сгуыхт кусæджы ном райстой 7 адæймаджы. Республикæйы сæргълæууæг арфæйы ныхæстæ ракодта спортсментæ æмæ тренертæн. 2018-æм аз спорты къабазы Цæгат Ирыстонæн уыд бæркадджын. Æдæппæтæй нæ республикæйы сарæзтой 250 спортивон мадзалы. Нæ спортсментæ Уæрæсе, Европæ æмæ дунейы рамбылдтой 297 сыгъзæрин, 375 æвзист æмæ 378 бронзæ майданы. Ахæм спортивон æнтыстдзинæдтæй разы у Цæгат Ирыстоны физкультурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир. Цæгат Ирыстойнаг спортсментæ уыцы æнтыстдзинæдтыл не `рлæудзысты. Фидæны сæм æнхъæлмæ кæсы ног ерыстæ æмæ ноджы хуыздæр уæлахизтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хæрзиуджыты аккаг

Категория:

Новости и СМИ