Иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи арахайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны нымæц къаддæр кæны

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи арахайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны нымæц къаддæр кæны. Кæд раздæр 470 адæмаджы уыдысты, уæд абон 132 адæймагæн сæ ног фатерты дæгъæлтæ балæвар кодтой. Ацы хабармæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ кæронмæ арæзт æрцыдысты Къесаты Астаны номыл уынджы. Абон сæ кадджын уавæры байгом кодтой. Фарстамæ лæмбынæг сæ цæст дарынц республикæйы хицауад. Ныртæккæ ма фæкæсинаг сты цалдæр объекты. Ацы аз фæнд кæнынц уыдоныл дæр бакусын. Уый тыххæй снысан кодтой сæрмагонд фæндаггон картæ дæр. Уый фæлгæты къæпхæнгай иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи архайдта, уыдоны фарста авиуарс кæндзысты. Абоны бон Гæгкуыты Фатимæйы никуы ферох уыдзæн: дыууадæс азы цы дæгъæлтæм æнхъæлмæ каст, уыдон йæ къухты бафтыдысты. Фатимæ дыууæ мин æвдæм азы æхца радта фатертæ цы организаци аразы, уымæн. Æртыккаг уæладзыгмæ хæдзар амад куы æрцыд, уæд организаци «Промжилстрой» фæкъуыввит æмæ банкротыл нымад æрцыд. Аразджытæ фæцыдæр сты, æмæ арæзтадон куыстытæ дæс азмæ æрæнцадысты. Сæдæ æртын дыууæ адæймаджы дыууæ мин æстæм азмæ хæдзары арæзтадмæ æхца лæвæрдтой, фæлæ сайд æрцыдысты. Уый фæстæ ма агуырдтой се’хца, арæзтой æмбырдтытæ, суанг ма иу ацæргæ сылгоймаг сфæнд кодта хъоды скæнын, æмæ цалдæр боны йæ дзыхмæ хæринаг дæр нæ иста. Адæм фыстой хицауадмæ фыстæджытæ, фæлæ дзуапп райстой æрмæстдæр дæс азы фæстæ. 2017-æм азы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бакуыста Къесаты Астаны уынджы, 39 хæдзары фатертæн чи бафыста, уыцы адæмы фарстайыл. Хъуыддаг бафæдзæхста уæды арæзтад æмæ архитектурæйы министрæн Икъаты Русланбегæн. Леван Бесолошвили, хъыгагæн, абон дæгъæлтæ исы иунæгæй. Æхца радта дыууæ мин æвдæм азы, уæд ма йæ цардæмбал æмæ йæ фырт æгас уыдысты. Ныфс æй уыдис, 2009 азы ног фатеры кæй æрцардаиккой, уымæй. Фæлæ йæ хъысмæт фæсайдта. Абон дæгъæлтæ канд сайды чи фесты, уыцы адæм нæ райстой. 2010-æм азы Дзæгъиаты Жульеттæйæн йæ фырт бахауд теракты. Уыдис æххуысцух, цыдæриддæр æм æхцайы фæрæзтæй уыдис, уыдон хардз кодта йæ фырты сдзæбæх кæныныл. Фараст азмæ цал фатеры раивта, уый хъуыды дæр нал кæны. Горæты администрацийæ куырдта æххуыс, æмæ йын йæ курдиат фехъуыстой. Дæгъæлтæ иууылдæр сæ хицæутты къухты бафтыдысты. Адæмæн сæ зæрдæтæ барухс сты. Ныр хъуыды кæндзысты сæ фатертæ куыд сцалцæг кæндзысты, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Иумæйаг хардзæй хæдзары арæзтады чи арахайдта æмæ сайды чи бахауд, уыдоны нымæц къаддæр кæны

Категория:

Новости и СМИ