Гранттæй хъæздыг

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

8 просмотров

8 лет назад

Цæгат Кавказы форум «Машук» цалдæр азы фæсивæдæн сæ фæлтæрддзинад равдисыны фадат дæтты. Ацы хатт дæр та Цæгат Ирыстоны фæсивæд сæхи æнтысджынæй равдыстой. 120 адæймагæй фылдæр систы грантты аккаг. Радих сын кодтой 7 миллуаны æмæ 600 мин сомы. Ныртæккæ фæсивæдæн сæ хæс у ахцайы фæрæзтæй раст спайда кæнын. Шоколад æртайын кæнын, стæй йæ алыхуызон хъæугæ формæты ныхъæбæр кæнын. Уæдæ ма йых гахæ дæр æрхъуыды кæнын. Æмтгæй райсгæйæ шоколатье уæвын æнцон нæу. Тауаситы Маринæ æвдисы хæрзхъæд шоколад куыд равзæры уый. Æрыгон чызг ацы куыст кæны 2 азы. Куыд зæгъы афтæмæй, йæ куыст бирæ уарзы. Форум «Машук»-ы хуымæтæджы нæ бацархайдта. Фæнды йæ сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæн, интернаты рауагъдонтæн æмæ æрыгон мадæлтæн æххуыс кæнын. Уымæ гæсгæ сын Марина скæны дæсныйад æвдисæн ахуыртæ. Тауаситы Маринæ: «Шоколады руаджы мæ цард хъæлдзæгдæр æмæ рæсугъдæр у. Ацы куыст мæ царды ахсджиаг бынат ахсы. Уымæн æмæ йын мæ рæстæг æмæ мæ тыхтæ дæттын. Бирæ хæс æвæрд мыл ис. Хъуамæ зæрдæргъæвдæй бакусон». Ацы аз форум «Машук»- ы Ирыстонæй гранттæ 49 адæймаджы райстой. Се’хсæн Хуыгаты Аланæ. Уый фæнд кæны нæ рагфыдæлты уæлæдарæс сног кæнын. Ныр кæй ферох кодтой ахæм хуызы кæлмæрзæнтæ быйы. Иу кæлмæрзæн сбийыныл цалдæр мæйы ацæуы. Фæлæ куы сцæттæ уа, уæд дзы зæрдæ райы. Аланæ йæ гранты фæрцы фæнд кæны национ дзаумæтты æрмадз саразын. Ам фæлтæрдджын хуыйджытæ кусдзысты. Дизайнертæ сын æвдисдзысты уæлæдарæс куыд аивдæр бахуыйой уый. Ахуыртæм кæй фæнды уыдонæн сæ бон у æрбацæуын. Уыдзысты лæвар. Фæнд кæнынц 4 мæй æмгъуыдмæ 250 адæймаджы сахуыр кæнын. Хуыгаты Аланæ: «Фæнд кæнæм калмæрзæнтæ быйын, алыхуызон цæппузыртæ аразын, сыгъзæрин æндæхтæй быйын æмæ ма нæ рагфыдæлты рагон хуызты уæлæдарæс хуыйын. Ныртæккæ агурæм агъуыст. Уый фæстæ та хъæугæ кусæнгæрзтæ балхæндзыстæм». Форум «Машук» алы аз дæр фадат дæтты фæлтæрджын фæсивæдæн сæ хъуыдытæ æмæ бæлиццтæ раргом кæнын. Ацы аз нæ республикæйæ форумы 120 проекты æвдыст æрцыд. Джусойты Руслан: «Фæсивæд сæхи тынг хорз равдыстой. Форуммæ цæттæ кодтам пъланмæ гæсгæ. Фыццаг нæхи тыхтæй цæттæ кодтам. Уый фæстæ федералон экспертты æрбахуыдтам. Проекттæ тынг цымыдисаг уыдысты. Архайджытæ ацы хъуыддагыл бæстонæй бакуыстой». Фæсивæдон хъуыддæгты комитет дарддæр дæр фæнд кæны фæлтæрджын фæсивæдæн æххуыс кæнын. Иннæ форуммæ цæттæ кæнын райдайдзысты мæй фæстæ. Сæрмагонд ахуырты хуызы сæ цæттæ кæндзысты социалон пректтæ раст фыссын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Гранттæй хъæздыг

Категория:

Новости и СМИ