Хуссар Æфсæддон зылды райдыдтой егъау командон штабон ахуыртæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Хуссар Æфсæддон зылды райдыдтой егъау командон-штабон ахуыртæ. Иумæйаг разамынд сын дæтты инæлар-булкъон Александр Дворников. Архайынц дзы 8-æм, 49-æм æмæ 58-æм иумæйаг æфсады хæйттæ, æфсæддон-уæлдæфон тыхтæ, уæлдæфон гæрзифтонг тыхтæй хъахъхъæныны службæ, Сау Денджызы флот æмæ Хъаспийы флотили. Ахуырты рæстæг æфсæддонтæ сфæлхат кæндзысты, æфсæдты хуызтæ иумæ куыд хъуамæ архайой, уый. Уæрæсейы хуссар арæнты æдасдзинадæн уый хъæугæ у, æнæмæнг. Мадзалы сæйраг хæс у сбæлвырд кæнын, куыд арæхсынц командыгæнджытæ æфсæдты алы хуызтæн разамынд дæттын. Иннæмæй та ма командыгæнджыты дæсныйад фæбæрзонддæр кæнынæн пайдайаг. Ахуыры мадзæлттæ арæзт цæудзысты 12 алыхуызон полигоныл: Ростовы, Волгограды æмæ Астраханы областты, Стъараполы æмæ Краснодары крайты, стæй ма республикæ Хъырымы. Уый уымæн, цæмæй æфсæддонтæ ахуыр кæной алы рæтты сæ хæстæ æххæст кæныныл: денджызы цур, хæхты, хъæдты æмæ фæзты. Ахуырты бацархайдзысты 8200 æфсæддоны, техникæйы 2500 иуæджы. Се 'хсæн 30 хæдтæхæджы, 60 вертолеты, 100 танкæй фылдæр æмæ 10 наумæ хæстæг. Ахуыртæ ахæсдзысты 31-æм августмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хуссар Æфсæддон зылды райдыдтой егъау командон штабон ахуыртæ

Категория:

Новости и СМИ