Бирæ дын бантысæд!
Хъæдимæ бакусы æмæ дзы диссæгтæ саразы. Ахæм ныхæстæ ис зæгъæн Алагиры районы, Буроны цæрæджы тыххæй. Илаты Марат уарзы ацы æрмдæсныйад. Фæнды йæ адæмæн йæ зонындзинæдтæ амонын. Ацы аз иу форумы фæуæлахиз йæ социалон проектимæ. Хъæдимæ бакусы æмæ дзы диссæгтæ саразы. Ахæм ныхæстæ ис зæгъæн Алагиры районы, Буроны цæрæджы тыххæй. Илаты Марат уарзы ацы æрмдæсныйад. Фæнды йæ адæмæн йæ зонындзинæдтæ амонын. Ацы аз иу форумы фæуæлахиз йæ социалон проектимæ. Фидæнмæ йæм цы нысæнттæ ис, уыдоны тыххæй радзырдта нæ уацхæссæг Пелиты Сабинæйæн. Хъæдимæ кусын Илаты Марат бирæ уарзы. Æртæ азæй фылдæр ыл сæххæст ис, æмæ уæдæй фæстæмæ аразы диссаджы дзаумæттæ. Кæм рухсгæнæнтæ, кæм сæрдыгон бадæн бынæттæ, кæм та æндæр исты ахæмтæ. Ацы куыст æм æппындæр зын нæ кæсы. Райсомæй раджы сысты æмæ æрмæг агурыныл балæууы. Афтæмæй дзы цавæрдæр нывæфтыд рауайын кæны. Йæ сæйрагдæр хотых — йæ хъуыдытæ. Адæмæн сæ фенын кæны йæ къухты фæрцы, стæй алыхуызон кусæнгæрзты руаджы. Равдыста сæ не сфæлдыстадон къорды уæнгтæн дæр. Æрæджы Марат йæ арæхстдзинад рахаста Цæгат Кавказы ахуырадон форум «Машук»-мæ. Экспертты зæрдæмæ йæ проект фæцыди. Фæнды йæ ныр йæ зонындзинæдтæ фæсивæдæн уарын. Йе стырдæр бæллиц — сæрмагонд æрмадз байгом кæнын. Ныридæгæн æй зоны, куыд æй рацараздзæн, уый. Фæсивæды дзы ахуыр кæндзæн лæвар. Йæ пайда дывæр у: сывæллæттæ уынгты нæ баззайдзысты, стæй ма истæуылты дæр сахуыр уыдзысты. Мараты проект хъуамæ ноябры фыццаг къахдзæфтæ акæна. Æнхъæлмæ кæсы æрмæст кусæнгæрзтæм æмæ йæхи хуызæн фæллойуарзаг адæммæ. Чи ма йæ бауромдзæн уæд кусынæй... Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Бирæ дын бантысæд!
Категория:
Новости и СМИ