Æнæниз цардыуаг
Проект «Спорты уæлахиздзаутæ – сывæллæттæн»-ы фæлгæты æххæстгонд цæуы акци «Фæллоймæ æмæ хъахъхъæнынадмæ цæттæдзинад». Сарæзта йæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронт. Мадзал уыдис Тæмисчъы санаторийы. Архайдтой дзы Олимпаг чемпион Бæройты Хасан æмæ дунеон ерысты чемпион Мæхъиты Иринæ. Нæ номдзыд спортсментæ сывæллæттæн фенын кодтой дæсныйад æвдисæг ахуыртæ. Спорты министры ныхæстæм гæсгæ, нæ сывæллæттæ сты нæ сомбон æмæ сын хъæуы спорт бауарзын кæнын. Проект аразджытæ та фидарæй зæрдæ `вæрынц, ахæм мадзæлттæ дарддæр кæй араздзысты. Архайдзысты фæсивæд спорты алы хуызтæм разæнгард кæнынмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнæниз цардыуаг
Категория:
Новости и СМИ