Сергей Меняйло «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы» майдан радта Остъаты Рустамæн
Сергей Меняйло «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайæджы» майдан радта бархионты батальон «Алания»-йы æппæты æрыгондæр æфсæддон Остъаты Рустамæн. Уый тыххæй регионы разамонæг фехъусын кодта йæ телеграм-каналы. Æвзонг лæппуйыл цæуы 18 азы, афтæмæй ис æфсæддонты æмрæнхъ. Уым ис йæ фыд дæр – «Алания» батальоны штабы хицау Остъаты Руслан. Ныртæккæ Рустам ис хæдзары, реабилитацийы. Уыимæ ма цæттæ кæны æфсæддон уæлдæр ахуыргæнæндонмæ бацæуынмæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй ын «хуыздæр дæсныйад у Фыдыбæстæ хъахъхъæнын. Йемæ разы дæн. Æз мæхæдæг дæр кæддæр уыцы фæндаг равзæрстон. Сæрыстыр дæн, ахæм кæстæрæй!» -, ныффыста Сергей Меняйло.