Алайнаг гимназы куысты дыккаг аз рауад æнтыстджын
Нæ республикæйы ахуырады ног фæрнæйдзаг къахдзæф у Алайнаг гимназы. Йæ сæйраг хæс у ирон æвзаджы райрæзтыл æмæ рæзгæ фæлтæры хъомыладыл бакусын. Ахуыргæнджытæ архайынц æрмæст æвзаг бахъхъæныныл нæ, фæлæ ма, фидæны йæ адæмæн æмæ фыдыбæстæйæн кад чи кæндзæн, ахæм фæсивæды схъомыл кæныныл дæр. Æнæбафиппайгæ нæй, афæдзы размæ дæр ма ирон æвзагыл дыууæ ныхасæй фылдæр чи нæ зыдта, уыцы ахуырдзаутæ ныр, алфавиты алы дамгъæйæ дæр æнцонтæй пайда кæнынц. Æфтауын, æппарын, хатт æмæ дих кæнын. Математикæ иронау ахуыр кæнын алайнаг гимназы 2-æм къласы ахуырдзаутæм æмæ сæ ныййарджытæм кæд раздæр æнæбакæнгæ хъуыддаг каст, уæд ныр уый хъуыды дæр нал кæнынц. Хынцинæгты уырыссаг нæмттæ сæ рох дæр авæййынц. Æртыккæгæм къласы математикæ райдайдзысты куыд иронау, афтæ уырыссагау дæр ахуыр кæнын. Цыппæрæм къласы та рахиздзысты æрмæст уырыссагмæ. Нырма уал математикæ ахуыр кæнынц æрмæст иронау. Дыууæ азмæ сывæллæттæ фæцалх сты иннæ предметтæ дæр иронау ахуыр кæныныл. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, уый сывæллæттæн æххуыс йедтæмæ къуылымпыдзинадæй ницы хæссы. Гимназы ахуырдзаутæ æнцонæй рахизынц иронæй уырыссагмæ, уырыссагæй та ирон æвзагмæ. Сæ уæгъд рæстæджы дæр сæхимидæг дзурынц иронау. Ныртæккæ гимназы фыццæгæм кълæстæ сты 3, дыккæгæмтæ та 2. Алкæцыйы дæр дзы ахуыр кæны фæйнæ 20 сывæллоны. Фыццæгæм кълæсты ахуырдзаутæ кæронмæ сахуыр кодтой абетæ æмæ азбукæ. Уыцы дыууæ чиныгæн абон загътой хæрзбон. Æнæмæнг, цы предметтæ ахуыр хъуамæ кæной, уымæй уæлдай ма гимназы кусынц алыхуызон уæлæмхасæн секцитæ: театралон, литературон, мультипликацион, музыкалон æмæ нывкæныны студитæ, кафджыты, шахмæтты, информатикæ, англисаг æвзаг æмæ гимнастикæйы къордтæ. Уæлдай цымыдис сывæллæттæ вæййынц æрмдæсныты къорды. Ахуыргæнджыты ныхæстæм гæсгæ, ам се `нгуылдзтæ фæцалх вæййынц лыстæг куыстытæ кæныныл. Цы саразынц, уый та равæрынц равдыстыты. Сæ куыстыты экспозици гом вæййы æппынæдзух. Ныййарджытæ дæр сывæллæтты ахуыры хатдзæгтæй разы сты. Алайнаг гимназы директоры ныхæстæм гæсгæ, дыууæ азмæ гимназ равдыста хорз бæрæггæнæнтæ. Бинонты `хсæн ис, се ртыккаг сывæллоны дæр чи хъавы `рбакæнынмæ ног ахырадон азы ацы ранмæ, ахæмтæ. Сентябры ма алайнаг гимназы байгом уыдзысты дыууæ фыццæгæм къласы. Фæлæ та ацы скъоламæ йæ хъæбулы радтын кæй бафæнда, уыдоны нымæц зынгæ фылдæр уыдзæн. Алы аз куыд вæййы, ныр дæр та – афтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алайнаг гимназы куысты дыккаг аз рауад æнтыстджын
Категория:
Новости и СМИ