15-æм апрелы 1912-æм азы Атлантикон фурды аныгъуылд бæлццæттæ ласæг нау «Титаник»
15-æм апрелы 1912-æм азы Атлантикон фурды аныгъуылд бæлццæттæ ласæг нау «Титаник». Уыцы æбуалгъ цауыл абон æххæст кæны 107 азы. 20-æм æнусы ацы денджызон бæллæх нымад у æппæты стырдæрыл. Великобританийы горæт Саутгемптонæй Нью-Йоркмæ фæндагыл зындгонд лайнер сæмбæлд ленкгæнгæ ихын хохыл. Алы бæрæггæнæнтæм гæсгæ фыдбылызы фæмард 1400 адæймагæй 1517-мæ. Се `хсæн - науыл кусæг къорды уæнгтæ иууылдæр. Мæлæтæй чи аирвæзт, уыдоны нымæц уыд дыууæ хатты къаддæр - æрмæстдæр 800 адæймаджы. Диссагæн дзуринаг уый у, æмæ «Титаник»-ыл Америкæмæ абалц кодта ирон лæппу, Хъæдгæроны цæрæг 22-аздзыд Кучиты Мырзахъан дæр. Фæндыд æй æхца бакусын. Фæстæдæр йæ чызг Аннæйы ныхæстæм гæсгæ, бæллæхы рæстæг лæппу уыд науы сæр. Уырдыгæй донмæ ныгæпп кодта. Уым уазал доны цыдæр хъæды уаддзагыл хæцгæйæ æнхъæлмæ каст, цалынмæ йæ бæлæгъмæ иннæ адæм систаиккой, уæдмæ. Хъыгагæн, йæ фыдыуæзæджы Мырзахъанмæ хорзæй ницы `нхъæлмæ каст. Суанг ма йæ Дард Скæсæнмæ дæр ахастой æмæ йæ уым йæ адзал æрæййæфта. Фæстæмæ раздæхæм, Кучиты Мырзахъан цы наумæ бабæллыд, уымæ. Уæды рæстæджы газеттæ куыд фыстой, уымæ гæсгæ «Титаник» уыд горæты æртæ тигъы дæргъæн. Æрмæст йе змæлынгæнджыты бæрзæнд та уыдис æртæуæладзыгон хæдзары йас. Науæнгуыр ын Белфасты уынгты ластой 20 æппæты тыхджындæр бæхы, ахæм стыр æмæ уæззау уыд. "Титаник" чи сарæзта, уыцы компани йæ хуыдта «æнæныгъуылгæ». Бæлцæттæн тас кæй ницæмæй уыдзæн, ахæм зæрдæтæ сын æвæрдта. Фæлæ хъысмæтмæ æндæр пълæнттæ уыд. Цалдæр мæйы фæстæ ног нау йæ фыццаг рейсы ихын хохимæ хæрхæмбæлд фæугæйæ, фæдæлдон ис. «Титаник”-ы рахиз фарс 90 метры уыд скъуыд. Науы пырхæнтæм денджызы бын суанг 1985-æм азмæ `вналгæ дæр ничи бакодта. Уыцы аз сæ ссардта денджызон археолог Роберт Боллард Канадæйы сакъадах Ньюфаундленды раз. Фæстæдæр æнамонд науы тыххæй фыст æрцыдысты дæсгай чингуытæ, сæдæгай уацтæ æмæ очерктæ. Кинонывтæ дæр ыл систой цалдæр. Фæлæ сæ тæккæ зындгонддæр у режиссер Джеймс Кэмероны куыст. Кинонывы бюджет уæды рæстæгæн уыд æппæты фылдæр. Бахардз ыл кодтой 200 милуан доллары. Дунейы киноныв цы æфтиæгтæ райста, уымæн та 12 азы æмбал дæр нæ уыд. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ма киноныв сæвæрдта æндæр рекорд дæр. 11 номинацийы рамбылдта «Оскар» -тæ. Мелодрамæйы жанры та нымад у хуыздæр кинонывыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
15-æм апрелы 1912-æм азы Атлантикон фурды аныгъуылд бæлццæттæ ласæг нау «Титаник»
Категория:
Новости и СМИ