Ног уагæвæрдмæ гæсгæ
Республикæйы уæлдай цæстдард уыдзæн арæзтады домæнтæм. Уый тыххæй фехъусын кодта хицауады сæрдары хæдивæг Фадзайты Æхсарбег. Уый та уымæн, æмæ 2003-æм азы фидаргонд æрцыд федералон закъон. Уымæ гæсгæ горæты арæзтад æмæ архитектурæйы барты фылдæр хай лæвæрд æрцыдысты бынæттон æмвæзмæ. Фадзайты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, архитектурон хъуыды фесæфт æмæ горæт раст арæзт нæ цыд. Ныр арæзтады бартæ æндæрхуызон дихгонд æрцæудзысты. Уыдзысты горæты æмæ хъæуты разамонджыты къухы. Уый руаджы æнцондæрæй цæст дарæн уыдзæн зæххæй пайда кæныны генералон пълантæ æмæ домæнтæм. Æмбырды ма æрдзырдтой хæххон хъæуты рæзты тыххæй. Хохы цæрæг адæмæн арæзт цæудзысты æппæт хъæугæ уавæртæ – куыд фæндæгтæ, афтæ бастдзинæдтæ дæр. РЦИ-Аланийы паддзахадон исбонад æмæ зæххытимæ баст ахастдзинæдты министр Тедеты Руслан: «Ацы закъон арæзт у уый тыххæй, æмæ адæм хæхты куыд лæууой цæрынмæ. Паддзахадон æххуыс дæр сын вазыгджын у. Хæхты фос чи дары, уыцы адæмæн республикæ сарæзта льготæтæ – 50%. Уый тыххæй у тынг ахсджиаг ацы заъон». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ног уагæвæрдмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ