Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæндæтты цæттæ кæныны райдайдзысты æфсадмæ
Ныр Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæндæтты цæттæ кæнын райдайдзысты æфсадмæ. Уый тыххæй хъæппæрис бахаста республикæйы хъахъхъæныны министрад, хицауады уæнгтæ йæ фарс рахæцыдысты. Ныридæгæн сфидар кодтой æмбæлгæ фæткæвæрд. Профилон министрады разамонæг Гассеты Ибрагим куыд фæнысан кодта, афтæмæй ныртæккæ ахæм ногдзинад хъæугæ у, паддзахадон политикæ хынцгæйæ. Æфсадмæ цæттæгæнæн уагæвæрд нысангонд у æфсæддон службæ кæныны зокъоны бындурыл. Ахуырдзаутæн уал фыццаг амондзысты теоретикон зонындзинæдтæ. Сæрмагонд ахуыртæ цæудзысты куыд астæуккаг, афтæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Министры ныхæстæм гæсгæ, ацы хъуыддаджы ахсджиаг у æфсæддон-патриотон хъомылад дæр. Цæттæ кæнынц æфсæддон дæсныйæдтæ райсынæн сæрмагонд программæтæ. Студенты ахуыр кæндзысты салдæтты, сержантты æмæ старшинаты къæпхæнты службæ кæнынмæ. Домæнтæм гæсгæ, сиддонтæ хъуамæ æфсæддон цæттæгæнæн мадзæлттæ ацæуой ахуыргæнæндоны 2 азы. Чи сын амондзæн уыдон уыдзысты ахуырадон стадарттæн дзуапп чи дæтты, ахæм ахуыргæнджытæ. Гассеты Ибрагим ма куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй чызджытæн та уыдзæн фадат медицинон зоныныдзинæдтæ исын, лæппутæй хицæнæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар Ирыстоны ахуыргæнæндæтты цæттæ кæныны райдайдзысты æфсадмæ
Категория:
Новости и СМИ