Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты «Алания» бæрзæндыл
Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты, Алания кæй хонынц, уыцы бæрзæндыл. Мадзал баст уыдзæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 75 азы бонимæ. Куыд ацæудзæн, ууыл ныхас кодтой Ветеранты советы уæнгтæ. Ныхас кодтой Уæлахизы бонмæ цавæр æндæр мадзæлттæ араздзысты, уый тыххæй дæр. Архайдтой дзы комитетты сæрдартæ æмæ бæрнон кусджытæ. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилеймæ бæстонæй цæттæ кæнынц. Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан уымæй ныфс бавæрдта. Куыд зæгъы, афтæмæй Уæлахизы парад æмæ æппæтадæмон акци «Æнæмæлгæ полк» уыдзысты æппæты ахсджиагдæртæ. Чи дзы архайдзæн уыдон фæнд кæнынц æндæр мадзæлттæ дæр сæххæст кæнын. «Пик Алании», зæгъгæ, хохы бæрзæндмæ дæр схизын уыдон фæнд кæнынц. Конференцийы фæнысан кодтой, цы лыстæгдзинæдтæ сæххæст кæндзысты, уый. Къаболаты Солтан, Ветеранты советы сæрдар: «Сæрмагондæй æрдзырдтам, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилейы фæдыл, цавæр кадджын мадзæлттæ арæзт уыдзæн, чи дзы архайдзæн æмæ кæм ацæудзысты. Иу дзырдæй, юбилеимæ баст æппæт организацион фарстатæ. Пъланмæ гæсгæ, фыццаг фæзы архайджытæ хæстонты къамтæ хъуамæ ахæссой, дыккаг фæзы та, хохы цъупмæ чи схиза, уыдон Уæлахизы тырыса æрсадзой, сисой сæ къамтæ». «Пик Алании»-йы бæрзæндмæ схиздзæн сæдæ архайæгæй фылдæр. Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ дзы Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты. Акци арæзт уыдзæн дыккæгæм майы. Архайджытæ уæлахизы тырыса æмæ хæстонты къамтимæ схиздзысты ацы бæрзæндмæ. Уый фæстæ Хъæбатыр фыдæлты уыцы къамтимæ 9 майы та æрлæудзысты «Æнæмæлгæ полк»-ы рæнхъытыл. Николай Хлынцов, фонд «Арт Кавказ»-ы сæрдар: «Фарон ахæм мадзал арæзт уыд, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны альпинистты руаджы, фæлæ ацы бæрзæнд уыд æнæном, куыд бауынаффæ кодтам, уымæ гæсгæ йæ схуыдтам «Пик Алании», зæгъгæ. Ацы аз дæр нæ фæнды ахæм сцыд саразын Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилейы фæдыл. Архайдзæн дзы сæдæ архайæгæй фылдæр. Цæттæгæнæ куыстытæ дæр абоны бонмæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц». Цæмæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъайтарты нæмттæ рох ма уой, уый тыххæй Ветеранты советы уæнгтæ расидтысты, хæсты архайджыты хъæбатырдзинады тыххæй адæмæн радзурыны акци. Хуыйны «Дорога памяти», зæгъгæ. Йæ фæлгæты Мæскуыйы парк «Патриот»-ы, аргъуан «Воскресенья Христова»-йы байгом кæндзысты къамты равдыст. Уый фæдыл Ветеранты змæлд бахатыд Дзæуджыхъæуы æмæ районты муниципалон скондты разамонджытæм, цæмæй сæ фæкæсой. Абрил Абдуллаев, РЦИ-Аланийы æфсæддон комиссары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг: «Мæн фæнды æппæт адæммæ дæр фæсидын, уымæн æмæ нæй ахæм бинонтæ, хæстмæ чи нæ ацыд. Сæ фылдæр хæстæй дæр нæ сыздæхтысты. Уымæ гæсгæ, Мæскуыйы парк «Патриот»-ы гом уыдзæн гæрзифтонг тыхты сæйрагдæр аргъуан Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 75 азы юбилейы фæдыл. Аргъуанмæ цы фæндаг цæуы, уый иууылдæр нырыккон технологитæй уыдзæн ифтонггонд, хæсты æппæт архайджыты нæмттæ æмæ къамтæ дзы зындзысты. Мах хъуамæ сымбырд кæмæн хæстонтæ кæм хæцыдысты, уыдон æвдисæн гæххæттытæ. Æрбахæссын сæ хъæудзæн хæстон комиссарадмæ». «Пик Алании»-йы цъуппыл ма сараздзысты чысыл мæсыг. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уый уыдзæн цард æмæ æдасдзинады æвдисæн. Экспедицийы архайджытæн сæ уæлæ уыдзæн Уæлахизы бонимæ баст уæлæдарæс. «Пик Алании»-йы у Кавказы сæйраг хохы рæгътæй иу. Йæ бæрзæнд - 3 мин æмæ 500 метрæй фылдæр. Ис Къуыдары æфцæджы Хуссар Ирыстоны, Халаца æмæ Сау-хохы `хсæн, раст Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны арæныл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлахизы тырыса ныффидар кæндзысты «Алания» бæрзæндыл
Категория:
Новости и СМИ