«Рубеж», зæгъгæ, форумы архайдтой цæгат ирыстоны минæвæрттæ
Цæгат Ирыстоны Æппæтуæрæсейон адæмон фронты фæсивæды минæвæрттæ архайдтой «Рубеж», зæгъгæ, форумы. Мадзалы сæйраг нысан - дзыллон информацион фæрæзты архайды хуыздæр суæвыныл. Форумы уыдысты нæ бæстæйы алы къуымтæй 212 адæймаджы. Сæ кар, 18 азæй 35 азы онг кæуыл цæуы, уыдон. Нæ республикæйы командæйы уыд цыппар адæймаджы. Мадзалы архайджытæн сарæзтой спортивон æмæ теорийы хуызы ахуыртæ. 7 боны æмгъуыдмæ фæсивæд æмбæлдысты зындгонд паддзахадон, æхсæнадон æмæ политикон архайджытимæ. Уыимæ ма егъау дзыллон информацион куыстуæтты минæвæрттимæ. Цæгат Ирыстоны командæ равдыста иттæг хорз бæрæггæнæнтæ. Фæсивæд сæ зонындзинæдтæ иртæстой æрмæст спортивон мадзæлтты нæ, фæлæ ма дискусситы дæр. Базылдысты æфсæддон æфсымæрон уæлмæрдтæм дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
«Рубеж», зæгъгæ, форумы архайдтой цæгат ирыстоны минæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ