Республикæйы æвзарæн системæйы кусджыты схорзæхджын кодтой Хицауады хæдзары
Республикæйы æвзарæн системæйы кусджыты схорзæхджын кодтой Хицауады хæдзары. Кадджын грамотæтæ æмæ нысæнттæ, бузныджы фыстæджытæ сын радтой Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло, Парламенты сæрдар Тускъаты Таймураз æмæ Центрон æвзарæн къамисы сæрдар Моргуаты Жаннæ. Ацы аз бæстæйы æмæ республикæйы æвзарæн системæйыл æххæст кæны 30 азы. Уыцы рæстæгмæ Цæгат Ирыстоны ацыд мин æвзарæн кампанийæ фылдæр. Архайдтой сæ 3,5 минæй фылдæр участокы æмæ территориалон æвзарæн къамисы. Арæзт æрцыд æххæстрæгъ закъонæвæрæг бындур, æвзарæн къамисты архайд та ахæм хæрзхъæд у, æмæ бацæттæ кæнынц æмæ бакусынц алыхуызон æмвæзады æвзæрстытыл.