Ахæм хабæрттæ // 27 января 2020
Ольгинскæйы культурæйы хæдзар 50 азæй фылдæр бындуронæй цалцæггонд никуы уыд. Бæстыххай заууат уавæрмæ æрцыд, фæлæ дзы адæм уæддæр архайынц. Кæдмæ ма уыдзæн афтæ? Нæ уацхæссæг æй базыдта. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады сарæзтой горæты цæрджытимæ фембæлд. Риссагдæр фарстаты хсæн - куысты бынæттæ. Æххуысагуртæй кæйдæрты сæхимæ фæнысан кодтой, кæмæндæр та ног дæсныйад базонынмæ фадат ратдзысты. Хъахъхъæнынадон-дзыллон куысты мæйон цæуы ДОСААФ-ы цæгатирыстойнаг хайады. Баст у йæ архайды 92 азимæ. Фæсивæды патриотон хъомыладыл куыд кусынц æмæ сын цытæ нтысы, уый тыххæй нæ студийы аныхас кæндзыстæм нæ уазæгимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахæм хабæрттæ // 27 января 2020
Категория:
Новости и СМИ