«Ирон Нива»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

15 ныфсджын лæппуйы иу фæнд æмæ бæллицтимæ иу къорды баиу сты. Йæ ном «Ирон нива». Хæдтулгæтыл æгас Цæгат Кавказыл зилынц. Хæхты, быдырты агурынц иу иннæмæй хуыздæр æмæ расугъддæр бынæттæ. Исынц сæ камерæмæ æмæ сæ интернеты парахат кæнынц. Уымæ уæлдай ма къорды архайджытæ æхсæнадон куыст кæнын дæр райдыдтой. Нæ уацхæсджыты æрмæг уымæн æвдисæн. Алы сабаты райсом Елеты Сосланæн йæ хæдтулгæйæ райдайы. Цæмæй дзы мацы хъæндзинад разына, уый тыххæй йæм æркæсы æмæ разсæ атындзы. Фыццаджыдæр æм йе мбæлттæ - къорд «Ирон нива»-йы архайджытæ æнхъæлмæ кæсынц. Иумæ араст уыдзысты хæхтæм æмæ уым тезгъо кæндзысты. 15 адæймаджы. 15 машинæйы æмæ фæндæгты мингай километртæ. Лæппутæ æрзылдысты Цæгат Кавказы республикæтыл. Фæлæ æрмæст рæсугъд æрдз фенынмæ нæ, фæлæ ма рæстæг пайдаимæ арвитынæн. Баныхас кодтой фæндагыл цы бырондæттæ ссарой, уыдон ныссыгъдæг кæныныл. Бакой кæндзысты Дæргъæвсы цы бырон æрымбырд, уый дæр. Тагъд скъæрын чи уарзы, уыцы лæппутæ ма разындысты хæрзгæнджытæ дæр. Зæрдæргъæвдæй сæ цæст дарынц Дур-Дуры сывæллæты хæдзармæ. Сæ бон куыд у афтæ сывæллæтты рæвдауынц. Алы хатт дæр, гæнæн нын куы вæййы, уæд сæм æрбацæуæм. Бæрæгбон уа, ма уа алы хатт вæййы - æцæг циндзинады хуызæн. Мæнæ сæм сывæллæтты хъахъхъæныны æппæтдунеон боны дæр æрбацыдыстæм. Немæ рбакодтам артистты, зарæггæнджыты, аниматорты. Сарæзтам сын чысыл бæрæгбон. Къорды архайджытæ 2 азы зæрдиагæй кусынц. Иу ран нæ лæууынц. Фидæнмæ фæнддæ дæр бирæ. Фæнды сæ Хъырыммæ машинæтыл дугъ саразын . Кæй фæнды, уыдонæн дæр дзы сæ бон у архайын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

«Ирон Нива»

Категория:

Новости и СМИ