Уæлдай куы уай, уæд
Уæрæсейы транспорты министрад ацы азы кæронмæ сбæлвырд кæндзæн овербукингы ныхмæ домæнтæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ, бæлццæттæн дард балцы ацæуын сæ бон куы нал вæййы, уæд цы кæнын хъæуы, уый. Арæх рауайы афтæ æмæ авиакомпанитæ хæдтæхæджы цал бынаты ис, уымæй фылдæр билæттæ ауæй кæнынц. Ахæм къæмдзæстыг митæ сарæх сты. Уавæры тыххæй æрдзырдтой профилон министрады æмæ Уæрæсейы æппæты стырдæр бæлццæтыласæн авикомпаниты минæвæрттимæ æмбырды. Ног домæнтæм гæсгæ, ахæм сайд цы бæлццоныл æрцыд, уымæн авиакомпани хъуамæ бафида 200, кæнæ 400 доллæры – уый дунеон рейсыты. Уæрæсейы маршруттыл та кæй асайдтой, уыдонæн 8 минæй – 20 мин сомы онг. Уымæй уæлдай ма, бæлццонæн фæстæмæ ратдзысты билеты аргъ дæр æмæ йын цыбыр рæстæгмæ æндæр рейсы бынат ссардзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Уæлдай куы уай, уæд
Категория:
Новости и СМИ