Цæгат Ирыстоны 3 цæрæджы бахаудысты цæстфæлдахджыты азары

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Нырыккон царды ногдзинæдтыл æппæтæй тагъддæр фæхæст вæййынц цæстфæлдахджытæ. Фæстаг рæстæг сбирæ сты мидхъуыддæгты министрады хъусынгæнинæгтæ закъонхалджыты миты тыххæй. Сæ амæттæгтæ свæййынц канд ацæргæ адæймæгтæ нæ, фæлæ техникон фæрæзтимæ архайын хорз чи зоны, ахæм æрыгæттæ дæр. Уый та дзурæг у, «нæ рæстæджы хъайтарты» фæлтæрддзинад фылдæрæй-фылдæр кæй кæны, ууыл. Æрæджыдæр та Цæгат Ирыстоны 3 цæрæджы бахаудысты цæстфæлдахджыты азары. Æрхъуыды кодтой æхца давыны ног программæ. Цæстфæлдахæг-иу йæхи схуыдта банчы кусæг. Системæ, дам, къуылымпыдзинæдтимæ кусы, зæгъгæ. Афтæмæй иу картæты хицæуттæн æмбарын кодта, цæмæй сæ æхцайы фæрæзтæ ма фесæфой, уый тыххæй сæ банчы номырмæ æрвитын кæй хъæуы. Уыцы номыр та уыд мæнг. Афтæмæй 3 сылгоймаджы æхцайы фæрæзтæ банчы картæйæ фæкъуывит кодта. Æдæппæтæй 78 мин сомы. Пъæлицæйы кусджытæ ма иу хатт цæрджытæм сидынц макуы макæмæн дзурут уæхи бæрæггæнæнтæ æмæ зæрдæхсаинаг хъусынгæнинæгтæн дзуапп ма дæттут. Кæд æмæ уыл сайд æрцыд, уæд та уайтагъд уæ фæндаг пъæлицæйы хайадмæ акæнут. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Цæгат Ирыстоны 3 цæрæджы бахаудысты цæстфæлдахджыты азары

Категория:

Новости и СМИ