Электрон тыхдæттæг телтæ цы трассæтыл цæуынц, уыдон сыгъдæг кæнын райдыдтой
Электрон тыхдæттæг телтæ цы трассæтыл цæуынц, уыдон сыгъдæг кæнын райдыдтой «Россети Цæгат Кавказ» -ы кусджытæ. Нысангонд пъланиæ гæсгæ, энергетиктæ ссыгъдæг кæндзысты 25 гектары онг фæзуат. Фыццаджыдæр уал бакусдзысты социалон нысаниуæг кæмæн ис, уыцы объекттæ цы хызæгтæ ифтонг кæнынц электрон тыхæй, уыдонимæ. Бакусдзысты куыд Дзæуджыхъæуы, афтæ республикæйы æппæт районты дæр. Специалистты ныхæстæм гæсгæ, афойнадыл бæлæстæ æмæ къутæртæй ссыгъдæг кæнын у æппæты ахсджиагдæр. Уый руаджы электрон системæ кусдзæн æнæ къуылымпытæй. Уæлдæфон электрон тыхдæттæг линитæ афтæмæй æдасдæр кусынц. Уыимæ ма, хъæдты æмæ цæрæн бынæтты зынгсирвæстæй къаддæр тæссаг у. Куыстытæ æххæст кæнынц афæдзы дæргъы. Фæлæ, сæ фылдæр хай конд цæуы уалдзыгон æмæ сæрдыгон рæстæг. Бæлæстæ бахсæдынц уагæвæрдмæ гæсгæ. «Цæгаткавказэнерго» -йы районты хайæдтæ сифтонг кодтой æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй дæр. Пайда кæнынц сæрмагонд техникæйæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Электрон тыхдæттæг телтæ цы трассæтыл цæуынц, уыдон сыгъдæг кæнын райдыдтой
Категория:
Новости и СМИ