Æппæтуæрæсеон театралон марафон Цæгат Ирыстонæй ахæццæ Хъæрæсе Черкессы республикæмæ
Йæ сæйраг нысан кадджын уавæры Къубалты Эльбрус лæвæрд æрцыд Хъæрæсе Черкессы культурæйы министр Рамазан Бароковæн. Уый куыд бафиппайдта, афтæмæй ахæм егъау культурон мадзалæн уæлдай ахсджиаг нысаниуæг ис, театры аз кæй бæрæг кæнынц Уæрæсейы, уый тыххæй. Къубалты Эльбрусы ныхæстæм гæсгæ, марафоны руаджы фидардæр кæнынц республикæты ’хсæн хæлар ахастдзинæдтæ дæр. Театрты аз кæй у, уый фæдыл нæ бæстæйы цæуынц алыхуызон сæрмагонд мадзæлттæ - фетивальтæ æмæ гастрольтæ. Хицæн фарста - театрты материалон æмæ техникон цæттæдзинад. Уымæ дæр ныртæккæ цæуы сæрмагонд цæстдард. Театралон марафоны нысан раттыны фæстæ, Вахтанговы номыл уырыссаг академион театры артисттæ равдыстой Жорди Гальсераны пьесæмæ гæсгæ арæзт спектакль. Æвдыст дзы цæуы сусæг исæн компанийы цыппар архайæджы. Сæ хæс у бирæ мызд кæм фидынц, ахæм куыст ссарын. Аивадуарзджытæ йын стыр аргъ скодтой. Æппæтуæрæсеон театралон марафон дарддæр ацæудзæн Кæсæг Балхъармæ. Уый фæдыл Хъæрæсе-Черкессы уырыссаг акдемион театр абон æвдисы спектакль «Васса Железнова». Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Театралон марафоны архайы Уæрæсейы 85 регионы. Райдыдта январы, Владивостокы. Фæуыдзæн азы кæронмæ, Калининграды. Хатдзæгтæ скæндзысты 14-æй-16-æм ноябры онг Санкт-Петербурджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон театралон марафон Цæгат Ирыстонæй ахæццæ Хъæрæсе Черкессы республикæмæ
Категория:
Новости и СМИ