Дзаг риуæй
Дзæуджыхъæуы уæлдæф фæсыгъдæгдæр ис. Уый хъусын кæны æрдзхъахъхъæнынады республикон æхсæнад. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæстаг рæстæг уæлдæфы зианхæссæг буаргъæдты нымæц бирæ нал сты. Сбæрæг æй кæнынц 9 бæрæггæнæнмæ гæсгæ сæрмагонд кусæнгæрзтæй. Экологон службæтæ уæлдай фылдæр иртасынц æвзалыйы æмæ азоты туæгтæ, стæй сондоны газтæ. Уæлдай цæст дарынц, Дзæуджыхъæуы бирæ адæм кæм вæййынц, уыцы бынæттæм. Зæгъын ма хъæуы уый, æмæ бæрæггæнæнтæ исынц алы 20 минуты. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй транспорты нымæц 80 проценты кæй фæфылдæр, уый фæбæрæг уæлдæфы сыгъдæгдзинадыл. Растдæр зæгъгæйæ та, чъизидзинæдты фылдæр хай сты машинæты аххосæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзаг риуæй
Категория:
Новости и СМИ