Фосхизæнты уавæр хъæуты I Комæй-коммæ
Хъæуты кæд фос къаддæр дарын райдыдтой, уæддæр адæмæн сæ фылдæр хай цæрынц фосы куыст кæнынæй æмæ цæхæрадæттæй. Уый нæ, фæлæ ма бирæтæ хæссын райдыдтой, уымæй размæ сæм цы уыди, уымæй фылдæр фос. Фæллой кæнын æмæ хи фæллойæ цæрын чи сахуыр ис, уыдон алы къуылымпыдзинæдтимæ 90-æм азты фæстæ сæмбæлдысты. Зæгъæм, хъæуты фосхизæнтæ фаг нæй. Ныртæккæ куыст цæуы хизæн бынæттæ фæстæмæ раздахыныл. Фæлæ зæххытæ кæм ис, уым та фыййæуттæ нæй. Æвæгæсæг фос хæринагагур уынгты зилынц, æмæ сæ ахоссæй æрцæуынц фæндаггон фыдбылызтæ дæр. Уæвгæ, уавæр алы ран иухуызон нæу. Æппæт уыцы фарстатыл æрныхас кæндзыстæм нæ программæйы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фосхизæнты уавæр хъæуты I Комæй-коммæ
Категория:
Новости и СМИ