Дзæуджыхъæуы сæйраг базарæн йæ иу хай байгом кодтой
Дзæуджыхъæуы сæйраг базары иу хай байгом кодтой æмæ кусы йе рвылбоны фæткмæ гæсгæ. Хъусын кæнынц Тæрхондоны пъырыстыфты службæйæ. Ахæм уынаффæ рахаста Промышленнон тæрхондон. Абон уал байгом кодтой хойрæгтæ кæм уæй кæнынц, уыцы дуканитæ. Фæлæ уал дзаумæттæ кæм ис, уырдæм бахауæн нæй. Нырма уал æхгæд сты. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, базар сæхгæдтой 2-æм июны, зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæдзы æхæстгонд кæй нæ уыдысты, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы сæйраг базарæн йæ иу хай байгом кодтой
Категория:
Новости и СМИ