Дзæуджыхъæуы байгом сты сывæллæтты рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Дзæуджыхъæуы сывæллæттæй рæвдауæндæттæм чи цæуы, уыдоны фадæттæ кæнынц уæрæхдæр. Абон нæ горæты байгом уæлæмхасæн бæстыхæйттæ. Уый рæстмæ сахаддзæн рæзгæ фæлтæры раст хъомыладыл. Цин кæнынц куыд сабиты ныййарджытæ, афтæ хъомылгæнджытæ дæр. Ахæм хорзæх сæ къухы кæй бафтыд, уымæй фæбузныг сты. Уæвгæ сæдæ хатты фехъусынæй, дам, иу хатт фенын хуыздæр у. 91-æм сывæллæтты рæвдауæндоны абон уыдис æцæг бæрæгбон. Æппæты кæстæр сывæллæтты къордæн дзы байгом кодтой ног бæстыхай. Ацы хъуыддагмæ рагæй æнхъæлмæ кастысты. Суанг арæзтадон куыстыты райдианæй. Баххæст сæ кодтой фæткмæ гæсгæ. Сывæллæтты ныййарджыты ныхæстæм гæсгæ, ныр ног рæвдауæндонмæ æхсызгондæрæй цæудзысты. Ног бæстыхай дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Йæ къæридортæ æмæ уæттæ сты райдзаст. Ис дзы ног хъазæнтæ дæр. Ууыл цин кæнынц куыд сабитæ, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Хъомылгæнджытæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй сын ахæм уавæрты кусын фенцондæр уыдзæнис. Бынат дæр дзы зынгæ фæфылдæр. Алы къорды дæр уыдзæнис 6 сывæллоны. Æдæппæтæй та сабитæ уыдзысты 50. Бæстыхай сарæзтой федералон программæмæ гæсгæ. Куыстытæ баххæст кодтой цыбыр рæстæгмæ. Сæ хæрзхъæддзинад дæр дызæрдыкккаг нæу. Ног бæстыхай байгом кæныны кадджын бар радтой Дзæуджыхъæуы ахуырады разамынды сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Зинæидæ Ларионова. 91-æм сывæллæтты рæвдауæндонæй уæлдай ма абон кадджын уавæры байгом кодтой 60-æм рæвдауæндон дæр. Йæ кусджытæ сæ хъомылгæнинæгтимæ бацæттæ кодтой рæсугъд æмæ аив бæрæгбон. Æмткæй райсгæйæ, Дзæуджыхъæуы ныридæгæн байгом 6 бæстыхайы. Уый руаджы горæты фæзынд 330 ног бынаты, 3 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæн. Æдæппæтæй та нæ республикæйы 2019-æм азы кæронмæ фæзындзæн 1315 ног бынаты. Хуасдзауты Алинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дзæуджыхъæуы байгом сты сывæллæтты рæвдауæндæттæм уæлæмхасæн бæстыхæйттæ

Категория:

Новости и СМИ