Дзанайты Барис видеобастдзинады руаджы архайдта наркотикты ныхмæ паддзахадон комитеты æмбырды
Дзанайты Барис видеобастдзинады руаджы архайдта наркотикты ныхмæ паддзахадон комитеты æмбырды. Мадзал ацыд бæстæйы мидхъуыддæгты министр Владимир Колокольцевы разамындæй. Министр йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй нæ бæстæйы наркотиктæ парахат ма руадзыныл куыст цæуы æппынæдзух. Ацы хъуыддаджы ахсджиаг у профилактикæ дæр. Хицауады уæнгтæ куыд радзырдтой, афтæмæй фæстаг фондз азы фæсивæды 'хсæн наркотиктимæ баст фыдракæндты нымæц фæкъаддæр 20 проценты бæрц. Ныхас ма цыд æрыгон адæмыл хорзы 'рздæм чи ахады, уыцы æхсæнадон иугондтæ парахат кæныныл. Сæ егъаудæртæй иу — "Движение первых"-ы змæлд. Арæзт æрцыд фарон, июлы мæй. Йæ сæйраг нысан фæсивæдон политикæйы райрæзт.