Тугъанты Ларисæ æмæ Александр Школьник фембæлдысты "Беслæны мадæлты" комитетимæ
Республикæйы хицауады сæрдары хæдивæг Тугъанты Ларисæ æмæ Александр Школьник фембæлдысты "Беслæны мадæлты" комитетимæ. Æмбырды ныхас цыд Æппæтадæмон культурон-патритон Центр «Беслан. Школа №1»-ы экспозицион пъланыл. Мадзалы ма архайдтой дзуапдæттæг министрадты минæвæрттæ, ахуыргæнджытæ, раздæры рæстæджыты амынæты чи бахауд, уыдон æмæ аргъуаны арæзтады фонды уæнгтæ. "Беслæны мадæлтæ" сæ хъуыдытæ загътой музейы тыххæй. Се 'ргом сæм раздахдзысты иумæйаг проект аразгæйæ. Æмбырды архайджытæ æрцыдысты иу хъуыдымæ - центр хъуамæ сбæдта æртæ объекты: мемориалон комплекс "Зæдты сахар", скъолайы фæзыл аргъуан æмæ спортивон зал. Александр Школьник куыд фæнысан кодта, афтæмæй специалисттæм дæр ис цавæрдæр хъуыдытæ ацы хъуыддаджы фæдыл æмæ цæттæ сты сæ раргом кæнынмæ.