Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ баххуыс кодтой æххуысцух бинонтæн
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ æххуыс кæнынц бирæсывæллонджын æмæ æххуысцух бинонтæн. Адæмæн æххуыс кæнынц, хойрагæй райдай æмæ суанг цæрæнуæтты цалцæгæй фæуы. Зæгъæм, Фарныхъæуккаг Джимиты бинонтæн баххуыс кодтой хъармгæнæн системæ сног кæнынæй. 2013-æм азы сын газы хæтæл алыг кодтой, фиддонтæ кæй не `ххæст кодтой, уый аххосæй. Бинонтæ цалдæр азы цардысты иу уаты, хъарм æй кодтой электрон гæрзтæй. Уыцы рæстæгмæ хæдзары къултæ схъуына сты. Хъармгæнæн системæ дæр заууатмæ æрцыд. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ, хæрзгæнæг Юлия Серыхимæ, хæдзары сæвæрдтой ног хъармгæнæн. Сног кодтой хъармгæнæн гæрзтæ. Джимиты бинонтæн ныфс бавæрдтой дарддæр сын æххуыс кæй кæндзысты, уымæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты регионалон хайады уæнгтæ баххуыс кодтой æххуысцух бинонтæн
Категория:
Новости и СМИ