Адæмон фронты уæнгтæ федтой Дзæуджыхъæуы хæдзæртты кæртытæ æмæ æхсæнадон бынæтты уавæр
Ацы фæзуат хæстæгдæр уынгты 'хсæн иунæг у, цъæхфæлыст кæм ис фенӕн. Уæдæ йæ тезгъойӕн бӕзгӕ бынат дӕр схонæн нæй. Кæддæр ам уыд бырондон. Хи хъарутӕй йӕ бынæттон цæрджытæ ныссыгъдæг кодтой, цæмæй дзы сывæллæттæ сæхи ирхæфсой. Фæстæдæр территори бакодтой троллейбусты паркы бæрны. Цы хай ма дзы баззад, уымæй хицауад аллей скодта, ныссагътой дзы бæлæстæ. Æрæджы та дзы райдыдтой бирæуæладзыгон хæдзар амайын. Куыстытæ æххæстгæнæг зæрдæ бавæрдта, аллеймӕ кæй нæ бавналдзысты, уымæй. Уый хыгъд ма йæ саив кæндзысты, сæвæрдзысты дзы бандæттæ, рухсгæнæн системæ. Æмæ æцæгдæр сæ ныхас æххæст кæнынц, цæуы дзы аивгæнæн куыстытæ. Фæлæ та фæзуатыл æрæджы райдыдтой объект аразын. Цы уыдзæн, уымæн дзуапдæттæг нæй. Дзуапп райсыны фæдыл фæсидтыстæм горæты администрацимæ, прокуратурæмæ, фыстæг ӕрвыст æрцыд бæстæйы Президентмæ. Æххуысагур бахатыдысты Адæмон фронтмæ дæр. Уыдон басгæрстимæ бынатмæ ацыдысты. Мониторингы дыккаг бынат Гугкайы фырты номыл уынджы 63-æм хæдзары кæртытæ. Ам бирæ рæтты нæй асфальт. Кæм ис, уым та у ивинаг. Сывæллæттæн дӕр дзы дыууæ фæзы ис, фæлæ дзы хъазын никæмæ цæуы. Уæдæ дзы машинæтæ уромæн бынат дæр нæй. Курдиатимæ бацыдысты горæты администрацимæ. Уым сын дзуапп радтой, сæ аиуварсгæнинаг фарстамæ сын 24-æм- 25-æм азы кæй æркæсдзысты. Басгæрсты хатдзæгты фæстæ Адæмон фронт фæсиддзæн бынæттон администрацимæ, цæмæй ацы бынаты куыстытæ тагъддæр райдайой.